Милици бабæрæг кодта цæрджыты улæфæн бынæттæ Ленингоры районы

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæМилици бабæрæг кодта цæрджыты улæфæн бынæттæ Ленингоры районы
Милици бабæрæг кодта цæрджыты улæфæн бынæттæ Ленингоры районы  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 авг – Sputnik. Ленингоры мидхъуыддæгты фæткдаруаты кусджытæ УУМ минæвæрттимæ ауагътой рейдтæ улæфæн бынæтты – хъæд æмæ паркты зонæты æмæ Ксаны былгæрæтты. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.

"Улæфджытæн зæрдыл бадардтой æдасдзинады бындурон фæтктæ, бафæдзæхстой улæфджыты, цæмæй ма бырон кæной алфæмбылайы, ма халой зынгсивæрзты æдасдзинады фæтктæ, ма найой æмæ ма скъæрой хæдтулгæтæ нозтджынæй. Уæлдай хъусдард аздæхтой æнахъом улæфджытæм", - банысан кодтой пресс-службæйы.

Куыд банысан кодта Ленингоры районы Мидхъуыддæгты хайады фадыгон милицæйы æххæстбарджын Быцæнты Михаил, афтæмæй бынæттæ се ᾿ппæт дæр æмбæлон æдасдзинады домæнтæм дзуапп нæ дæттынц.
Уагдоны бахахх кодтой, МХМ æмæ УУМ кусджыты иумæйаг рейдон мадзæлттæ уагъд цæудзысты æрвылбон республикæйы æппæт районты дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0