Президенты ӕвджид хор ӕмӕ ансамбль "Айзӕлд" ралӕудзысты Хӕдбардзинад банымайыны бӕрӕгбоны

© Sputnik / Наталья АйриянПрезиденты ӕвджид хор ӕмӕ ансамбль "Айзӕлд" ралуӕдзысты Хӕдбардзинад банымайыны бӕрӕгбоны
Президенты ӕвджид хор ӕмӕ ансамбль Айзӕлд ралуӕдзысты Хӕдбардзинад банымайыны бӕрӕгбоны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты ӕвджид ирон националон зарӕджы паддзахадон хор ӕмӕ адӕмон инструментты паддзахадон оркестр "Айзӕлд" ралӕудзысты иумӕйаг концертимӕ 25 августы, Уӕрӕсейы рдыгӕй республикӕйы хӕдбардзинад банымайыны 15 азы юбилейы хӕдразмӕ. Мадзал ацӕудзӕн Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта хоры аивадон разамонӕг Къӕбысты Сӕрмӕт.
"Нӕ коллектив 19-20 сентябры дӕр нывӕнды раттын иумӕйаг концерт Ходты Олегы къухдариуӕгады бын националон инструментты Цӕгат Ирыстоны оркестр "Ирыстон"-имӕ. Афтӕ ма мах цӕттӕ кӕнӕм ралӕудмӕ 15 октябры – Хетӕгкаты Къостайы Райгуырӕн бон", - загъта уый.
Аивадон разамонӕг ма радзырдта репертуары тыххӕй, кӕцы бавдисдзӕн хор 26 августмӕ.
"Мах сӕххӕст кӕндзыстӕм "Песня моя - Ирыстон". Афтӕ ма нывӕдӕм сӕххӕст кӕнын зарӕг "Сӕрдыгон изӕр" Амага Готтиимӕ", - банысан кодта Къӕбысты Сӕрмӕт.
Ног хабӕртты лентӕ
0