Журналист Вадим Гончаровы схорзӕхджын кодтой Хуссар Иры Хӕларады орденӕй

© Sputnik / Михаил АвагимовРуслан Гусаровы киноныв "Сила"-йы премьерӕ
Руслан Гусаровы киноныв Сила-йы премьерӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы барамындӕй уӕрӕсейаг журналист Вадим Гончаровы схорзӕхджын кодтой Хӕларады орденӕй.
Журналисты схорзӕхджын кодтой Руслан Гусаровы киноныв "Сила"-йы премьерӕйы рӕстӕджы.
Гончаровӕн йӕхицӕн фадат нӕ уыд ӕрцӕуын хорзӕхкӕныны цермонимӕ, уымӕн ӕмӕ иу мӕйы размӕ фӕцӕф ис. Каховкайы ГЭС-ы службӕгӕнгӕйӕ уымӕ батахт квадрокоптер гранатӕимӕ. Срӕмыгъды фӕстиуӕгӕн уымӕн ахаудта йӕ къух ӕмӕ бахъыгдард сты йӕ цӕсгом ӕмӕ цӕстытӕ. Нырма йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы операци ӕмӕ реабилитаци. Уымӕ нӕкӕсгӕйӕ журналист ныффыста видеобадзырд республикӕйы цӕрджытӕм.
"Зынаргъ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ, 15 азы размӕ трагикон цаутӕ мах тынг сыввахс кодтой. Ацы бон мӕ зӕрдӕ зӕгъы уӕ хъӕбатыр адӕмӕн хорздзинад ӕмӕ сабырдзинад", - загъта Гончаров.
Гончаров 2008 азы августы уыд Цхинвалы, рухс дӕтта уыцы рӕстӕджы цӕугӕ цаутӕн. Адӕм судзгӕ горӕтӕй куы лыгъдысты, хӕдтулгӕты бынӕттӕ куы нӕ фаг кодтой, уӕд Гончаров радта йӕ бынат сылгоймагӕн гыццыл сабиимӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0