Дзӕуджыхъӕуы цалдӕр уынджы майрӕмбоны баззайдзысты ӕнӕ рухсӕй

© Sputnik / Natalia AiriyanДзӕуджыхъӕу
Дзӕуджыхъӕу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 авг - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы майрӕмбоны цалдӕр уынгыл ахицӕн кӕндзысты электроифтонгад, хъусын кӕны 15-ӕм Регион "Россети Северный Кавказ"-ыл ӕцойгӕнгӕйӕ.
Портал куыд банысан кодта, афтӕмӕй рухсы ахицӕн баст у нывӕстон куыстытимӕ энергообъекттыл.
10.00-ӕй 12.00 сахаты онг электроифтонгад нӕ уыдзӕн Ирыстоны Хъахъхъӕнджытӕ, 1-15, 42-98, Ключон, 2-10, 1-11, Хъырымаг, 10-20, 7-21, Свердловскаг, 10-24, 11-23 ӕмӕ Сыбыраг уынгтыл, 12-24, 1-15.
14.00-ӕй 16-00 сахаты онг рухс ахицӕн кӕндзысты Пушкины уынгыл, 2/2, 2/3, 2/1.
09.00-ӕй 15.00 сахаты онг та рухс нӕ уыдзӕн Доваторы проспектыл, 26-56, 51-57, Хетӕгкаты уынгыл, 2-32, 3-37.
Электроифтонгады фарстыл ӕрвылсуткӕйы дӕргъы гӕнӕн ис бадзурын "Россети"-йы "тӕвд линимӕ" телефонӕй: 8-800-220-0-220.
Ног хабӕртты лентӕ
0