https://sputnik-ossetia.com/20230818/khussar-iry-khitsauad-bakhasta-ivyndzindt-lintsenzity-zakonm-m-khalonty-kodeksm-25117718.html
Хуссар Иры хицауад бахаста ивындзинæдтæ линцензиты законмæ æмæ Хъалонты кодексмæ
Хуссар Иры хицауад бахаста ивындзинæдтæ линцензиты законмæ æмæ Хъалонты кодексмæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 18 авг – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад бахаста ивындзинæдтæ къорд законмæ лицензикæнынады фæдыл. 18.08.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-08-18T15:18+0300
2023-08-18T15:18+0300
2023-08-18T15:18+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры хицауад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/08/12/25116234_0:0:3071:1728_1920x0_80_0_0_615ba19a0c571530ce23d49c8ec517b4.jpg
ЦХИНВАЛ, 18 авг – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад бахаста ивындзинæдтæ къорд законмæ лицензикæнынады фæдыл.Экономикон райрæзты министр Тадаты Дзамболат бахахх кодта, зæгъгæ, цæмæй лицензи дæттæг органтæ иумæйаг реестр уадзой, уый фæдыл хъæуы сфидар кæнын лицензийы реестры арæзтады фæтк, афтæ ма лицензийы формæ.Уый фæдыл законы 17 статьямæ хъæуы бахæссын ноджы иу пункт "Архайды хицæн хуызты лицензикæнынады фæдыл".Афтæ ма ноджы къорд статьяйы æркодтой Хъалонты кодексы нормæты домæнтæм. Хъалонты кодексмæ дæр бахастой ивындзинæдтæ, кæцытæм гæсгæ ист цæудзæн 100 сомы лицензи дæттæг органæй куырдиатмæ æркæсын æмæ реестрæй рафыст райсыны тыххæй.Тадаты Дзамболат бафтыдта, зæгъгæ, законыл нырма хъæуы бакусын.Юстицийы министр Гаглойты Олег банысан кодта, архайды хицæн хуызты лицензикæнынады фæдыл законы "реалондзинад цъус ис", уымæн æмæ дзы фыст ис архайды 50-йæ фылдæр хуызы, кæцыты хъæуы лицензикæнынад, фæлæ хъуыддаджы та уыдоны фылдæр хайæн бæрæг нæу орган, кæцы архайдзæн ууыл.Гаглойты Олег банхъардта ногæй бакусын законыл æмæ æркæсын йæ цалдæр пунктмæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/08/12/25116234_311:0:3042:2048_1920x0_80_0_0_8a22fbf2e365d141720d6ee93b0536b3.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры хицауад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры хицауад
ЦХИНВАЛ, 18 авг – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад бахаста ивындзинæдтæ къорд законмæ лицензикæнынады фæдыл.
Экономикон райрæзты министр Тадаты Дзамболат бахахх кодта, зæгъгæ, цæмæй лицензи дæттæг органтæ иумæйаг реестр уадзой, уый фæдыл хъæуы сфидар кæнын лицензийы реестры арæзтады фæтк, афтæ ма лицензийы формæ.
Уый фæдыл законы 17 статьямæ хъæуы бахæссын ноджы иу пункт "Архайды хицæн хуызты лицензикæнынады фæдыл".
Афтæ ма ноджы къорд статьяйы æркодтой Хъалонты кодексы нормæты домæнтæм. Хъалонты кодексмæ дæр бахастой ивындзинæдтæ, кæцытæм гæсгæ ист цæудзæн 100 сомы лицензи дæттæг органæй куырдиатмæ æркæсын æмæ реестрæй рафыст райсыны тыххæй.
Тадаты Дзамболат бафтыдта, зæгъгæ, законыл нырма хъæуы бакусын.
Юстицийы министр Гаглойты Олег банысан кодта, архайды хицæн хуызты лицензикæнынады фæдыл законы "реалондзинад цъус ис", уымæн æмæ дзы фыст ис архайды 50-йæ фылдæр хуызы, кæцыты хъæуы лицензикæнынад, фæлæ хъуыддаджы та уыдоны фылдæр хайæн бæрæг нæу орган, кæцы архайдзæн ууыл.
Гаглойты Олег банхъардта ногæй бакусын законыл æмæ æркæсын йæ цалдæр пунктмæ.