Омбудсмен æрдзырдта Хуссар Иры сывæллæтты бартæ хъахъхъæныны къабазы сæйраг проблемæтыл

© Sputnik / Natalia AiriyanОмбудсмен æрдзырдта Хуссар Иры сывæллæтты бартæ хъахъхъæныны сферæйы сæйраг проблемæтыл
Омбудсмен æрдзырдта Хуссар Иры сывæллæтты бартæ хъахъхъæныны сферæйы сæйраг проблемæтыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны нæй пенитенциарон (ахæстон) уагдæттæ æнахъом фыдгæнджытæн, уый у ацы къабазы сæйрагдæр проблемæтæй иу, радзырдта Sputnik-æн республикæйы президенты дæлбар сывæллæтты барты фæдыл æххæсбарджын Джиоты Аэлита.
Сывæллæтты омбудсмен банысан кодта, ныридæгæн МХМ сæргълæууæг кæй бахæс кодта уагдоны барадон фадыгæн проектыл бакусын.
Куыд ма банысан кодта æххæстбарджын, афтæмæй паддзахад хъуамæ йæ тыхтæ радта, цæмæй бирæсывæллонджын бинонтæ фылдæр кæной республикæйы.

"Бирæсывæллонджын бинонтæ фылдæр кæнынæн ахъаз фæуыдзæн республикæйы цæрджыты нымæц фылдæр кæнынæн. Хъæуы нæ демографион фоныл схæцын. Ацы хъуыдаг хъуамæ суа нæ национ идейæ", - бахахх кодта сывæллæтты омбудсмен.

Хуссар Ирыстоны цыппæрæмы ацыд æмбырд сывæллæты бартæ хъахъхъæныны фарстыты фæдыл. Сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын æрныхас кодта проблемæтыл МХМ сæргълæууæг Гуыцмæзты Алан æмæ профилон министрадтæ æмæ уагдæттимæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0