https://sputnik-ossetia.com/20230818/parlamenty-rdzyrdtoy-khussar-iry-istoriyy-chinygyl-25113488.html
Парламенты æрдзырдтой Хуссар Иры историйы чиныгыл
Парламенты æрдзырдтой Хуссар Иры историйы чиныгыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 18 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны историйы чиныджы рауагъдад у националон политикæйы ахсджиаг фарст, фехъусын кодта националон плитикæ, дин æмæ ДИФ... 18.08.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-08-18T13:27+0300
2023-08-18T13:27+0300
2023-08-18T13:27+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
ахуырад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/08/12/25110380_0:54:1024:630_1920x0_80_0_0_d075ae62324dbedbc51ba9825c3c1169.jpg
ЦХИНВАЛ, 18 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны историйы чиныджы рауагъдад у националон политикæйы ахсджиаг фарст, фехъусын кодта националон плитикæ, дин æмæ ДИФ фæдыл парлментон комитеты сæргълæууæг Диакъонты Амиран, хъусын кæны закондæттæг органы пресс-службæ.Парламенты æрдзырдтой, куыд æххæст цæуынц чиныг "Хуссар Ирыстоны истори"-йы рауадзыны фæдыл комитеты рекоменацитæ.Ахуырады министр Лолаты Асланы ныхæстæм гæсгæ, президентимæ фембæлды рæстæджы уый радзырдта паддзахады сæргълæууæгæн, декабры министрад кæй райсдзæн историйы чиныджы макет.Диакъонты Амиран бахахх кодта, Ахуырады министрадæн кæй бахæс кодтой сбæлвырд кæнын чиныг рауадзыны заказы барадон формæ æмæ банысан кодта, ацы аспект кæй у тынг ахсджиаг.Лолаты Аслан баныфсæвæрдта, чиныгыл куысты рæстæджы æххæст кæй цæуынц барадон нормæтæ.Хуссар Ирыстоны Зонад-иртасæн институты директор Гаглойты роберт банысан кодта, чиныгыл куыст кæй фæуыдзæн ацы аз декабры, фидæн аз та чиныг хъуамæ райсой республикæйы ахуырадон уагдæттæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/08/12/25110380_57:0:968:683_1920x0_80_0_0_b7d8e93427f1dd6053776301eb02dbff.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ахуырад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ахуырад
Парламенты æрдзырдтой Хуссар Иры историйы чиныгыл
ЦХИНВАЛ, 18 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны историйы чиныджы рауагъдад у националон политикæйы ахсджиаг фарст, фехъусын кодта националон плитикæ, дин æмæ ДИФ фæдыл парлментон комитеты сæргълæууæг Диакъонты Амиран, хъусын кæны закондæттæг органы пресс-службæ.
Парламенты æрдзырдтой, куыд æххæст цæуынц чиныг "Хуссар Ирыстоны истори"-йы рауадзыны фæдыл комитеты рекоменацитæ.
"Президент йæ ныстуаны парламентмæ æмæ адæммæ йæ хъус адæхта ацы чиныджы цухдзинадмæ. Комитет ауагъта рабадт ацы фарсты фæдыл, цы ран радтой хæслæвæрдтæ æмбæлон органтæн", - банысан кодта Диакъонты Амиран.
Ахуырады министр Лолаты Асланы ныхæстæм гæсгæ, президентимæ фембæлды рæстæджы уый радзырдта паддзахады сæргълæууæгæн, декабры министрад кæй райсдзæн историйы чиныджы макет.
"Ирон æвзаг æмæ литературæйы райрæзты программæмæ бахастой фæрæзтæ чиныг рауадзын æмæ йæ республикæйы ахуырадон уагдæттыл байуарынæн. Ныр мах æнхъæлмæ кæсæм макетмæ", - загъта Лолаты Аслан.
Диакъонты Амиран бахахх кодта, Ахуырады министрадæн кæй бахæс кодтой сбæлвырд кæнын чиныг рауадзыны заказы барадон формæ æмæ банысан кодта, ацы аспект кæй у тынг ахсджиаг.
Лолаты Аслан баныфсæвæрдта, чиныгыл куысты рæстæджы æххæст кæй цæуынц барадон нормæтæ.
Хуссар Ирыстоны Зонад-иртасæн институты директор Гаглойты роберт банысан кодта, чиныгыл куыст кæй фæуыдзæн ацы аз декабры, фидæн аз та чиныг хъуамæ райсой республикæйы ахуырадон уагдæттæ.