Югосетпотребнадзор бабæрæг кæндзæн ног ахуыры азмæ скъолаты цæттæдзинад

© Sputnik / Natalia Airiyan Югосетпотребнадзор бабæрæг кæндзæн ног ахуыры азмæ скъолаты цæттæдзинад
Югосетпотребнадзор бабæрæг кæндзæн ног ахуыры азмæ скъолаты цæттæдзинад  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 авг – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Югосетпотребнадзор бабæрæг кæндзæн скъолаты цæттæдзинад ног ахуыры азмæ. Басгæрсттæ цæудзысты генералон прокуратурæйы кусджытимæ иумæ, фехъусын кодта уагдоны сæргълæууæг Коцты Марина.
Ахуыры аз Хуссар Ирыстоны райдайдзæн фæндзæм сентябры.

"Скъола æмæ скъолайы агъоммæйы уагдæттæ нывæстмæ гæсгæ бæрæг кæнæм аз иу хатт. Ныр дæр прокуратурæимæ иумæ мах басгардзыстæм скъолайон объектты цæттæдзинад ног ахуыры азы райдианмæ. Радтам сын барфыстытæ, цæмæй æрнывыл кæной уавæр ахуыры азмæ. Фæлæ хъыгагæн се ᾿ппæт дæр нæ вæййынц арæзт. Бакæсдзыстæм, куыд бацæттæ кæндзысты сæхи ацы хатт, домæнтæ куыд уыдзысты æххæст, фæлæ хатдзæгтæ ратдзыстæм алкæцы скъолайæн хицæнæй", - загъта ныхасæмбал.

Куыд банысан кодта Коцты Марина, афтæмæй сæмбæлынц алыхуызон фæткхæлдтыл æмæ сæ аиуварс кæнынæн дæр радтынц алыхуызон æмгъуыд. Афтæ ма уый фехъусын кодта, азы дæргъы кæй цæудзысты хæринаджы блокты æнæнывæстон басгæрсттæ скъолаты хæрæндонты ахуыры аз куы райдайа, уæд.
Ног хабӕртты лентӕ
0