https://sputnik-ossetia.com/20230821/iu-chinyg-lavar-tskhinvaly-atsaudzan-aktsi-gom-biblioteka-25155045.html
Иу чиныг лӕвар: Цхинвалы ацӕудзӕн акци "Гом библиотекӕ"
Иу чиныг лӕвар: Цхинвалы ацӕудзӕн акци "Гом библиотекӕ"
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 21 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацӕудзӕн Уӕрӕсейы рдыгӕй республикӕйы хӕдбардзинад банымайынӕн нывонд акци "Гом библиотекӕ", уый тыххӕй... 21.08.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-08-21T17:32+0300
2023-08-21T17:32+0300
2023-08-21T17:32+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
культурӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/42/77/427712_0:257:2730:1793_1920x0_80_0_0_16fca065305f0908dffecd0784610bd2.jpg
ЦХИНВАЛ, 21 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацӕудзӕн Уӕрӕсейы рдыгӕй республикӕйы хӕдбардзинад банымайынӕн нывонд акци "Гом библиотекӕ", уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта Анахарсисы номыл республикон национ библиотекӕйы директор Гуыцмӕзты Инна.Акцийы бавдисдзысты чингуытӕ, кӕцытӕ рауагътой Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайынмӕ, афтӕ ма чингуытӕ, кӕцытӕ нывонд сты гуырдзиаг-ирон конфликтӕн.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/42/77/427712_0:0:2730:2048_1920x0_80_0_0_a83ae7379e9148535ff58ce05dab363a.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ
Иу чиныг лӕвар: Цхинвалы ацӕудзӕн акци "Гом библиотекӕ"
ЦХИНВАЛ, 21 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацӕудзӕн Уӕрӕсейы рдыгӕй республикӕйы хӕдбардзинад банымайынӕн нывонд акци "Гом библиотекӕ", уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта Анахарсисы номыл республикон национ библиотекӕйы директор Гуыцмӕзты Инна.
"Мадзал ацӕудзӕн Анахарсисы номыл национ библиотекӕйы фойейы 25 августы 11:00-ӕй 15:00 сахаты онг. Ацы ран ӕвӕрд ӕрцӕудзысты стеллажтӕ чингуытимӕ, алкӕмӕндӕр фадат уыдзӕн равзарын ӕмӕ ахӕссын иу чиныг. Афтӕмӕй мах фӕнды саразын лӕвар нӕ чиныгкӕсджытӕн ӕмӕ ӕрбаздахын фылдӕр адӕмы", - загъта Гуыцмӕзты Инна.
Акцийы бавдисдзысты чингуытӕ, кӕцытӕ рауагътой Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайынмӕ, афтӕ ма чингуытӕ, кӕцытӕ нывонд сты гуырдзиаг-ирон конфликтӕн.