https://sputnik-ossetia.com/20230821/khussar-iry-akhitsan-is-traditsion-turnir-shakhmattay-skoladzauty-khsan-25151516.html
Хуссар Иры ахицӕн ис традицион турнир шахматтӕй скъоладзауты 'хсӕн
Хуссар Иры ахицӕн ис традицион турнир шахматтӕй скъоладзауты 'хсӕн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 21 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ахицӕн ис традицион турнир шахматтӕй скъоладзауты 'хсӕн "Цинагарское лето". 21.08.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-08-21T13:05+0300
2023-08-21T13:05+0300
2023-08-21T13:05+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/02/12/21568777_0:12:935:538_1920x0_80_0_0_c534b0b3ce0d9ba08b129c9a1ea3a9f6.jpg
ЦХИНВАЛ, 21 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ахицӕн ис традицион турнир шахматтӕй скъоладзауты 'хсӕн "Цинагарское лето". Ерысты призтыл тох кодтой республикӕйы кӕстӕр кары тыхджындӕр спортсментӕ, фехъусын кодта Sputnik-ӕн шахматты федерацийы хистӕр Саулохты Георгий. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, къорд "А", цы ран хъазыдысты тыхджындӕртӕ, уӕлахиздзау ссис Джыгкайты Артур, дыккаг бынатыл ацыд Михаил Логачев, ӕртыккаг призер та ссис Чилӕхсаты Вадим. Кӕстӕр къорды уӕлахиздзау та ссис Бесаты Батрадз. Спортивон мадзал бацӕттӕ кодта Шахматты федераци, скъола "Белая ладья" ӕмӕ Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астӕуккаг скъолайы ӕххуысӕй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/02/12/21568777_102:0:834:549_1920x0_80_0_0_523c423ab77383ffe8560b94e7a31e54.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
Хуссар Иры ахицӕн ис традицион турнир шахматтӕй скъоладзауты 'хсӕн
ЦХИНВАЛ, 21 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ахицӕн ис традицион турнир шахматтӕй скъоладзауты 'хсӕн "Цинагарское лето".
Ерысты призтыл тох кодтой республикӕйы кӕстӕр кары тыхджындӕр спортсментӕ, фехъусын кодта Sputnik-ӕн шахматты федерацийы хистӕр Саулохты Георгий.
"Турнир "Цинагарское лето" уадзӕм ӕртыккаг аз фӕд-фӕдыл. Ацы хатт дзы архайдтой республикӕйы 26 хуыздӕр хъазӕджы, кӕцытӕ сты скъолайы кары", - загъта Саулохты Георгий.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, къорд "А", цы ран хъазыдысты тыхджындӕртӕ, уӕлахиздзау ссис Джыгкайты Артур, дыккаг бынатыл ацыд Михаил Логачев, ӕртыккаг призер та ссис Чилӕхсаты Вадим.
Кӕстӕр къорды уӕлахиздзау та ссис Бесаты Батрадз. Спортивон мадзал бацӕттӕ кодта Шахматты федераци, скъола "Белая ладья" ӕмӕ Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астӕуккаг скъолайы ӕххуысӕй.