Дзæуджыхъæуы ацæудзæн Цхуырбаты Гурамæн нывонд турнир футболæй

© Фотохост-агентство "РИА Новости" /  Ахизын медиабанкмæДзæуджыхъæуы ацæудзæн Цхуырбаты Гурамæн нывонд турнир футболæй
Дзæуджыхъæуы ацæудзæн Цхуырбаты Гурамæн нывонд турнир футболæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 авг – Sputnik. Цæгат Ирыстоны столицæйы ацæудзæн ССРЦ командæйы раздæры хъазæг Цхуырбаты Гурамæн нывонд турнир футболæй, хъусын кæны 15-æм Регион.
Ерыстæ, кæцытæ уагъд цæудзысты спортивон скъола "Юность"-ы централон футболон быдыры, æрæмбырд кæндзысты 2012 азы гуырд спортсменты Ирыстон, Краснодары край, Ставрополье, Ростовы област æмæ æндæр регионтæй.
Турнир райдайдзæн 22 августы, финал та ацæудзæн 25 августы. Уæлахиздзаутæн хорзæхтæ дæтдзысты спорты ветерантæ æмæ официалон гоймæгтæ.
Цхуырбаты Гурам у цхинвайлаг футболон скъолайы хъомылгæнинаг. Йæ хъазты карьерæйы фылдæр хай арвыста тбилиссаг "Динамо"-йы. Советон Цæдисы командæйы сконды ауагъта авд хъазты (сæ нымæцы дыууæ хъазты ССРЦ олимпиаг командæйы сконды 1968 азы Олимпиаг хъæзтыты рæстæджы).
Цхуырбаты Гурам уыд футболон командæ "Спартак"-ы (Цхинвал) сæйраг тренер 1973-1974 азты, афтæ ма футболон скъола "Спартак"-ы (Цхинвал) разамонæг дæр 1975 азы.
Ног хабӕртты лентӕ
0