https://sputnik-ossetia.com/20230822/gafez-mbltststt-roman-1-sr-25166297.html
Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 1 сæр
Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 1 сæр
Sputnik Хуссар Ирыстон
Сывæллæттæ арæхдæр æмбырд кæнынц Томаты кæртмæ. Ам сæ хъыгдарæг нæй. Ам алцæмæйдæр сæрибар сты. Цы сæ фæнды, уый аразынц, сæхи ирхæфсынц, хъазынц, худынц... 22.08.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-08-22T14:50+0300
2023-08-22T14:50+0300
2023-08-22T14:50+0300
"æмбæлццæттæ"
хуссар ирыстоны
радио иронау
аудиочиныг
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/08/16/25166132_0:0:3642:2048_1920x0_80_0_0_4be57d2da6f5c3de73774b345ddbfe18.png
Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 1 сæр
Sputnik Хуссар Ирыстон
Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 1 сæр
Сывæллæттæ арæхдæр æмбырд кæнынц Томаты кæртмæ. Ам сæ хъыгдарæг нæй. Ам алцæмæйдæр сæрибар сты. Цы сæ фæнды, уый аразынц, сæхи ирхæфсынц, хъазынц, худынц, зарынц. Абон дæр та ардæм фембырд сты сабитæ. Хур дзæгæрæгæй судзы бæстæ. Фæлæ Томайы стыр тута йæ цæнгтæ ныппæлæхсар кодта æмæ зæхмæ иунæг хуры тын нæуадзы.Бæппи æмæ Ксена иумæ аразынц хæдзар.— Куы сырæза, уæд дзы æз æмæ ды иумæ цæрдзыстæм, — зæгъы Бæппи.— Фу! Æмæ дзы кæуылты бабырдзыстæм?— Цу, уæртæ дуртæ радав æмæ йын стыр дуар саразæм.— Æз дзы мæ хъулон гокойы дæр бакæндзынæн.— Æз та дзы мæ уæныг Саджейы бакæндзынæн.Дыууæ сабийы æнцад-æнцойæ хъазынц. Сæ алыварс цы цæуы, уый зонгæ дæр нæ кæнынц. Сæрмæт æмæ Агуындæ та сыджыт нæмынц. Сæрмæт аразы Сауийы бæхы хуызæн "бæх", Агуындæ та "хæбизджынтæ" кæны.Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/08/16/25166132_0:0:2732:2048_1920x0_80_0_0_7856dae8aff8ceadc7221bf4d331d3db.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
Сывæллæттæ арæхдæр æмбырд кæнынц Томаты кæртмæ. Ам сæ хъыгдарæг нæй. Ам алцæмæйдæр сæрибар сты. Цы сæ фæнды, уый аразынц, сæхи ирхæфсынц, хъазынц, худынц, зарынц. Абон дæр та ардæм фембырд сты сабитæ. Хур дзæгæрæгæй судзы бæстæ. Фæлæ Томайы стыр тута йæ цæнгтæ ныппæлæхсар кодта æмæ зæхмæ иунæг хуры тын нæуадзы.
Бæппи æмæ Ксена иумæ аразынц хæдзар.
— Куы сырæза, уæд дзы æз æмæ ды иумæ цæрдзыстæм, — зæгъы Бæппи.
— Фу! Æмæ дзы кæуылты бабырдзыстæм?
— Цу, уæртæ дуртæ радав æмæ йын стыр дуар саразæм.
— Æз дзы мæ хъулон гокойы дæр бакæндзынæн.
— Æз та дзы мæ уæныг Саджейы бакæндзынæн.
Дыууæ сабийы æнцад-æнцойæ хъазынц. Сæ алыварс цы цæуы, уый зонгæ дæр нæ кæнынц. Сæрмæт æмæ Агуындæ та сыджыт нæмынц. Сæрмæт аразы Сауийы бæхы хуызæн "бæх", Агуындæ та "хæбизджынтæ" кæны.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.