Дмитрий Медведев: Хуссар Ир æмæ Абхазы хæдбардзинад банымайын у историон рæстдзинад

© Sputnik / Ревмира АлбороваДмитрий Медведев: Хуссар Ир æмæ Абхазы хæдбардзинад банымайын у историон рæстдзинад
Дмитрий Медведев: Хуссар Ир æмæ Абхазы хæдбардзинад банымайын у историон рæстдзинад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад банымайын уыдис историон рæстдзинады æрфидар кæныны бындур æмæ хъуыддæгты æцæг уавæр 2008 азы августы, радзырдта Уæрæсейы Æдасдзинады советы сæрдары хæдивæг Дмитрий Медведев йæ уацы газет "Аргументы и факты"-йы, 15 азы размæ цауты тыххæй.
Медведев зæрдыл бадардта 2008 азы 7 августы æмбисæхсæвмæ æввахс гуырдзиаг æфсæдтæ æвиппайды райдыдтой æхсын Хуссар Ирыстоны столицæйы сабыр фынæй цæрджыты сармадзантæй, "Град"-тæй æмæ минометтæй.
Уый ма бахахх кодта атакæйы рæстæг æвзæрст кæй æрцыд æргом цинизмимæ – уæд æнæхъæн дуне кастысты Пекины Олимпийаг хъазтытæм.
"2008 азы Цхинвалы гуымиры, цъаммар æхст æмæ сабыр граждайнаг цæрджыты ᾿хсæн бирæнымæц зиæнтты фæстæ, æз куыд Уæрæсейы президент аскъуыдздзаг кодтон радтын дзуапп хæстон архайдæй Гуырздыстоны атакæ ныссæндынæн æмæ йæ тыхæй æркæнын сабырдзинадмæ. Мах архайдтам ООН Уставмæ гæсгæ, æрныхасы рæстæг кæй фæцис уымæ гæсгæ. Хуссар Ирыстоны территоримæ бацыдысты уæрæсейаг ᾿фсæдтæ. Æлгъаг Саакашвилийы режим райста фидар æмæ тагъд ныхмæлæуд. Дыууæ æфсымæрон кавказаг республикæйы, цы ран нæ æмбæстæгтæ цæрынц мингæйттæй, сабырдзинад æрфидар фондз бонмæ", - банысан кодта Медведев.
Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын. Уый фæстæ Цхинвалмæ бабырстой танктæ æмæ гуырдзиаг тыхон структурæты равзаргæ хæйттæ. Республикӕйы столицӕйӕн ӕрхастӕуыд стыр зиан, фылдӕр кодта сабыр цӕрджыты ӕмӕ фидауынгӕнӕг тыхты ӕхсӕн амӕттӕгты нымӕц. Ацы трагикон уавӕры уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын. Уый кӕронмӕ бахӕццӕ 12 августы.
Ног хабӕртты лентӕ
0