Гафез - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2023
"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлцæттæ. Роман. 2 сæр

Гафез. Æмбæлцæттæ. Роман. 2 сæр
Рафыссын
Сæрмæт йæхи айвæзтытæ кодта, йæ рус аныдзæвд дæрзæг хъисыл. Уайтагъд æй базыдта, уый Томайы риу кæй у æмæ йæ цæстытæ фæирд кодта, йæ чъылдым æм æваст фездæхта.
Тома йын йæ дæрзæг æнгуылдзæй йæ фарс аныхта. Сæрмæт йæхи сгæлиртæ кодта æмæ æддæдæр абырыд. Тома-иу æй куы аныхта, уæд-иу саби худæгæй бакъæцæл æмæ-иу царды цины уынæртæ азæлыдысты рагон, сæгæйдзаг хæдзары къуымты. Томайы хæдзары цин æмæ хъазты уынæр рагæй нал айхъуыст.
Хуыцау сын зæнæгæй йу лæппуйы йеттæмæ ницы радта. Дыууæ уды уый номыл цардысты. Се ’скаст, сæ хур уый уыди. Фæлæ... "Хуыцау лæгæн амонд куы нæ радта, уæд ын ссарæн нæй". Уый Томайæн йæхи ныхас у.
Лæппуйыл цыппæрдæс азы сæххæст. Заманайы цырд æмæ куыстуарзаг уыди, Томайæн йæхи хуызæн. 1935 азы диссаджы тыллæг æрзад Саргъауы. Колхозы цы уæлдай хор уыд – уый паддзахадмæ лæвæрдтой. Уæд машинæтæ уыйбæрц кæм уыд æмæ йæ Сталинирмæ, хорцæттæгæнæн пунктмæ уæрдæттыл ластой.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0