Хуссар Ир нывæнды бахизын Цæдисон паддзахадмæ – РХИ президенты паддзахадон уынаффæгæнæг

© Sputnik / Виктор Толочко /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры нывæнды бахизын Цæдисон паддзахадмæ
Хуссар Иры нывæнды бахизын Цæдисон паддзахадмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæнды бахизын Уæрæсе æмæ Белорусы Цæдисон паддзахадмæ, Цхинвалæн ахсджиаг у Минскы рдыгæй республикæйы хæдбардзинад банымайын, фехъусын кодта РИА Новости РХИ президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Гобозты Вячеслав.
"Мах фæнды бахизын Уæрæсе æмæ Белорусы Цæдисон паддзахадмæ, уый у нæ приоритеттæй иу. Уый фæдыл мах дзурæм Белорусы рдыгæй нæ хæдбардзинад банымайыныл, уый нын бакæндзæн фæндаг Цæдисон паддзахадмæ", - загъта Гобозты Вячеслав.
Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, белорусаг президент Александр Лукашенко йӕ рӕстӕджы бамбардзӕн, Минскӕн пайда кӕй у банымайын Цхинвалы суверенитет
Гобозты Вячеслав ма банысан кодта, Хуссар Ирыстон кӕй уадзы диалог хӕдбардзинад банымайыны фӕдыл алыхуызон бӕстӕтимӕ, фӕлӕ ӕвӕстиат скъуыддзагтӕ уымӕн не сты приоритеты.
Ног хабӕртты лентӕ
0