Хуссар Иры скъолатæ басгардзысты зынгсивæрзттæй æдасдзинады фæтктæ æххæст кæнынæй

© Photo : Пресс-служба МЧС РЮОХуссар Иры скъолаты басгардзырты зынгсивæрзтæй æдасдзинады фæтктæ æххæст кæнынæй
Хуссар Иры скъолаты басгардзырты зынгсивæрзтæй æдасдзинады фæтктæ æххæст кæнынæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны УУМ инспектортæ æрæвнæлдтой зынгсивæрзттæй æдасдзинады фæтктæ æххæст кæныны фæдыл нывæстон басгæрсттæм республикæйы æппæт скъолаты, хъусын кæны æртыццæджы уагдоны пресс-службæ.

"22 августæй РХИ УУМ зынгсивæзтæй æдасдзинады фадыджы цæстдарыны инспектортæ уадздзысты æрвылазон нывæстон басгæрсттæ ног ахуыры азы райдайæны размæ РХИ æппæт астæуккаг ахуырадон уагдæтты нормæтæ æмæ зынгсивæрзтон æдасдзинады фæтктæ æххæст кæныны фæдыл", - радзырдтой уагдоны.

Министрады банысан кодтой, басгæрсттæ кæй цæудзысты 5 сентябрмæ.
Куыд фехъусын кодтой раздæр, афтæмæй УУМ инспектортæ ауагътой æмбарынгæнæн ныхæстæ районон æмæ хъæууон администрацитимæ зынгсивæрзттæй æдасдзинадмæ домæнты тыххæй сæрдыгон периоды.
Ног хабӕртты лентӕ
0