Хуссар Иры срезентаци кæндзысты згъæрæхца хæдбардзинады банымады юбилеймæ

© Photo : Пресс-служба парламента РЮОХуссар Иры срезентаци кæндзысты згъæрæхца хæдбардзинады банымады юбилеймæ
Хуссар Иры срезентаци кæндзысты згъæрæхца хæдбардзинады банымады юбилеймæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 авг – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ацæудзæн Уæрæсейы рдыгæй республикæйы хæдбардзинады банымады 15 азы юбилейæн нывонд згъæрæхцайы презентаци, фехъусын кодта Sputnik-æн Нацбанчы сæргълæууæг Джиоты Жанна.
Зæгъæрæхцайы презентаци, кæцыйы номинал у 25 зæрины, ацæудзæн 24 августы. Мадзалмæ фæхуыдтой республикæйы къухдариуæгады минæвæртты, Уæрæсейы минæвары Хуссар Ирыстоны æмæ компани "Гознак"-ы минæвæртты.
"Згъæрæхца æлхæнын гæнæн уыдзæн презентацийы фæстæ. Аннæ згъæрæхцатæ иууылдæр ныр дæр ис фадат æлхæнын", - банысан кодта Джиоты Жанна.
Афтæ ма Нацбанк рауагъта каталог "Республикæ Хуссар Ирыстоны мысæн згъæрæхцатæ", кæцыйы ис къамтæ, характеристикæтæ æмæ историон-тематикон справкæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл алкæцы згъæрæхцамæ дæр.
Уый размæ хъусын кодтой, Нацбанк 2023 азы кæй нывæнды рауадзын фондз мысæн згъæрæхцайы, кæцыты номинал у 25 зæрины.
Ног хабӕртты лентӕ
0