Концерттæ, равдысттæ æмæ хъазт: Хуссар Иры Хæдбардзинады 15-азон юбилейы мадзæлттæ

© Sputnik / Наталья АйриянКонцерттæ, равдыдстытæ æмæ хъазт: Хуссар Иры Хæдбардзинады 15-азон юбилейы мадзæлттæ
Концерттæ, равдыдстытæ æмæ хъазт: Хуссар Иры Хæдбардзинады 15-азон юбилейы мадзæлттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 авг – Sputnik, Козаты Диана. Уæрæсейы Федерацийы ᾿рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны боны цытæн республикæйы ацæудзысты цытджын мадзæлттæ, концерттæ, равдысттæ æмæ адæмон озертæ.
24 августы республикæйы цæрджытæм æнхъæлмæ кæсы "Хæларады кафт" Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы паддзахадон ансамблты хайадистæй. Ирон "Симд" æмæ абхазаг "Кавказ"-ы иумæйаг концерт ацæудзæн Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры.
Ноджы иу концерт ацæудзæн 25 августы, хайад дзы райсдзысты Цæцæйнаг Республикæйы адæмон зарды ансамбль "Нур-Жовхар" æмæ хуссарирыстойнаг Паддзахадон адæмон инструментты оркестр "Айзæлд".
Афтæ ма концерты ралæудзысты Уæрæсе, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй артисттæ.
Уыцы бон ма Хетæгкаты Къостайы цырты цур скверы Цхинвалы центры ацæудзæн фоторавдыст "Цхинвал: 2008 азы агъоммæ æмæ фæстæ", "Банымайыны æмбæйттæ".
Æнæ хъусдардæй нæ баззайдзысты Хуссар Ирыстоны чысыл цæрджытæ. Хетæгкаты Къостайы скверы сын ауадздзысты бæрæгбонон концерт æмæ акци "Асфалтыл ныв".
26 августы Паддзахадон драмон театры бакæндзысты хуссарирыстойнаг æмæ уæрæсейаг нывгæнджытæ равдыст, ацæудзæн дзы цытджын æмбырд, уый фæстæ классикон æмæ оперæйы музыкæйы концерт Уæрæсе, Цæгат æмæ Хуссар Иры артистты хайадистæй.
Уыцы бон ма Ногдзауты парчы ацæудзысты адæмон озертæ æмæ ирон национ хæринæгты презентаци.
Бæрæгбонон мадзæлттæ баххæст кæдзысты стыр концертæй Цхинвалы Театралон фæзуатыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0