Цæгат Иры æрцахстой раздæр тæрхонгонд Беслæны цæрæджы героин æмæ метадонимæ

© Сайт МВД по РСО-Алания Цæгат Иры æрцахстой раздæр тæрхонгонд Беслæны цæрæджы героин æмæ метадонимæ
Цæгат Иры æрцахстой раздæр тæрхонгонд Беслæны цæрæджы героин æмæ метадонимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 авг – Sputnik. Дзæуджыхъæуы æрцахстой раздæр ма тæрхонгонд чи уыд, ахæм 32-аздзыд Беслæны цæрæджы, зæрдæхсайгæ у наркотиктæ уæй кæныны хъуыддаджы, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны пресс-службæ.
Зæрдæхсайгæйы баурæдтой æвæрæн куы арæзта Дзæуджыхъæуы уынгтæй иуы, уæд.
"Сæрмагонд басгæрсты рæстæджы æвдисæнты цур систой æбæрæг буарадимæ аст тыхтоны. Афтæ ма наркотиктæ уæйгæнæджы цæрæн фатеры ссардæуыд стыр тыхтон æбæрæг буарадимæ, йæ уæз 100 граммæй фылдæр", – банысан кодтой МХМ.
Уагдоны бæрæггæнæнтæм гæсгæ, экспертизæ сбæрæг кодта истгонд буарадтæ – героин æмæ метадон сты иухаттон дозæтæй мины фаг. Фыдгæнæгæн йæ хъуыдыйы уыд Цæгат Ирыстоны территорийыл ауæй кæнын наркотиктæ.
Зæрдæхсайгæйы ныхмæ сцырын кодтой уголовон хъуыддаг, ахæм фыдракæнды тыххæй ахæстоны сбадын кæнынц дыууын азмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0