https://sputnik-ossetia.com/20230824/tskhinvaly-raydydta-khussar-iry-khdbardzinad-banymayyny-bonn-nyvond-zgord-25220093.html
Цхинвалы райдыдта Хуссар Иры хæдбардзинад банымайыны бонæн нывонд згъорд
Цхинвалы райдыдта Хуссар Иры хæдбардзинад банымайыны бонæн нывонд згъорд
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 24 авг – Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы Театралон фæзуатыл райдыдта марафонон згъорд, кæцы нывонд у Уæрæсейы рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад... 24.08.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-08-24T12:16+0300
2023-08-24T12:16+0300
2023-08-24T12:16+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
спорт
хæдбардзинад банымайыны бон
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/08/18/25216606_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_9d35c3f2c10fb115f3336ec0cc8cf975.jpg
ЦХИНВАЛ, 24 авг – Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы Театралон фæзуатыл райдыдта марафонон згъорд, кæцы нывонд у Уæрæсейы рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны бонæн.Згъорд сорганизаци кодта фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет. Хайад дзы исынц 52 адæймаджы, сæ нымæцы 10 чызджы. Нæлгоймæгтæ алидздзысты 21 километры, чызджытæ та 12 километры.Старты размæ регистрацийы столы раз æрæмбырд сты бирæ зындгонд гоймæгтæ, сæ тыхтæ бавзарынмæ æрбацыдысты номдзыд спортсментæ дæр. Згъорды 24-æм номырыл стартмæ рахиздзæн Уæрæсейы фыццагады финалист боксæй Гæджиты Гурам.Сæ тыхтæ бавзарынмæ æрбацыдысты культурæйы къабазæй гоймæгтæ дæр – зарæггæнæг Икъаты Милена алидздзæн 33 номырæй.Хайадисджыты æхсæн ис Гæбæраты Гоча дæр, кæцы æрцыд Цæгат Ирыстонæй, ууыл цæуы 50 азы, фæлæ йæ ныфс ис, æнтыстджынæй кæй алидздзæн дистанци.Згъорды призон фонд у 200 мин сомы, Фыццаг бынæтты хицæуттæ райсдзысты фæйнæ 50 мин сомы, 50 мин сомы, дыккаг бынат 30 мин сомы ӕмӕ ӕртыггаг бынат та 20 минтӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/08/18/25216606_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_9f3a67937e205cb8b5f442667f19d385.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт, хæдбардзинад банымайыны бон
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт, хæдбардзинад банымайыны бон
ЦХИНВАЛ, 24 авг – Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы Театралон фæзуатыл райдыдта марафонон згъорд, кæцы нывонд у Уæрæсейы рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны бонæн.
Згъорд сорганизаци кодта фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет. Хайад дзы исынц 52 адæймаджы, сæ нымæцы 10 чызджы. Нæлгоймæгтæ алидздзысты 21 километры, чызджытæ та 12 километры.
Старты размæ регистрацийы столы раз æрæмбырд сты бирæ зындгонд гоймæгтæ, сæ тыхтæ бавзарынмæ æрбацыдысты номдзыд спортсментæ дæр. Згъорды 24-æм номырыл стартмæ рахиздзæн Уæрæсейы фыццагады финалист боксæй Гæджиты Гурам.
Сæ тыхтæ бавзарынмæ æрбацыдысты культурæйы къабазæй гоймæгтæ дæр – зарæггæнæг Икъаты Милена алидздзæн 33 номырæй.
"Æз мæхицæн архайын спортæй, лидзын, цæуын спортивон залмæ. Базыдтон марафоны тыххæй, æрбацыдтæн хайад райсынмæ", - загъта уый.
Хайадисджыты æхсæн ис Гæбæраты Гоча дæр, кæцы æрцыд Цæгат Ирыстонæй, ууыл цæуы 50 азы, фæлæ йæ ныфс ис, æнтыстджынæй кæй алидздзæн дистанци.
"Интернетæй базыдтон згъорды тыххæй æмæ æрцыдтæн. Æз бирæ хатт хайад райстой марафонты Цæгат Ирыстон æмæ Железноводскы, уыдтæн призер дæр", - загъта уый.
Згъорды призон фонд у 200 мин сомы, Фыццаг бынæтты хицæуттæ райсдзысты фæйнæ 50 мин сомы, 50 мин сомы, дыккаг бынат 30 мин сомы ӕмӕ ӕртыггаг бынат та 20 минтӕ.