Цхинвалы спрезентаци кодтой Хуссар Иры хæдбардзинад банымайыны номарæн згъæрæхца

© SputnikЦхинвалы спрезентаци кодтой Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны номарæн згъæрæхца
Цхинвалы спрезентаци кодтой Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны номарæн згъæрæхца - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 авг – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Национ банчы ацыд номарæн згъæрæхцайы презентаци, кæцы рауагътой Уæрæсейæ ᾿рдыгæй хæдбардзинад банымайыны 15-афæдзыбоны цытæн.
Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны хицауады минæвæрттæ премьер-министр Джуссойты Константины сæргълæудæй, УФ минæвар РХИ Марат Кулахметов, Нацбанчы сæргълæууæг Джиоты Жанна, "Гознак"-ы минæвар Олег Сырченков, афтæ ма æрбахонгæ уазджытæ, уыимæ иумæ Приднестровье æмæ ДАР-йæ.
Джуссойты Константин президент Гаглойты Аланы номæй раарфæ кода æппæт æрбацæуджытæн æмæ банысан кодта, номарæн згъæрæхцайы рауагъд кæй у ирон адæмæн ахсджиаг цауæн æнустæм нысан радтыны фæрæз.
Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов йæхи ᾿рдыгæй бахахх кодта, номарæн згъæрæхцайы рауагъд кæй у хорз хуссарирыстойнаг паддзахадæн.
"Уый у стыр æмæ тынг вазыгджын хъуыддаг. Уый у Хуссар Ирыстоны историон фундамент. Арфæ уын кæнын алкæмæн дæр бæрæгбоны цытæн. Сабырдзинад, хорздзинад æмæ дидинæфтыд Хуссар Ирыстоны адæмæн", - банысан кодта уый.
Мадзалы рæстæджы республикæйы президенты барамындæй Олег Сырченков хорзæхджын æрцыд Хæларады орденæй.
Афтæ ма Нацбанк æрбавдыста каталог "Республикæ Хуссар Ирыстоны номарæн згъæрæхцатæ". Раздæр зынгонд æрцыд, иууыл иумæ 2023 азы Нацбанчы нывæсты ис рауадзын фондз æвзист номарæн згъæрæхцайы - номинал 25 зæрины. Уыдоны ᾿хсæн номарæн згъæрæхца "СÆО", афтæ ма нывтимæ: Сыгъдæг Мады Майрæмы аргъуаны Монастеры, сыгъдæг Мады Майрæмы аргъуаны Цъунары хъæуы æмæ Сыгъдæг Георгийы аргъуаны Æмдзæрины хъæуы.
Ног хабӕртты лентӕ
0