Гафез - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2023
"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлцæттæ. Роман. 3 сæр

Гафез. Æмбæлцæттæ. Роман. 3 сæр
Рафыссын
Æмбырд куы райхæлд, уæд Сауи сæхимæ цæуын афæлвæрдта, фæлæ йæ "Пыррыккрихй" нæ ауагъта. "Пыррыккрихи" Дудары хонынц. Æмæ, æцæгдæр, йæ рихитæ уыцы схъæл æмæ ставд сты, сæ къæдзилтæ хæрдмæ, фындзы фæрсты сфардæг сты хъусы бынтæм. Хæсты агъоммæ йын уыцы сатæгсау уыдысты, фæлæ ныр сурс æмæ сбур сты, цыма сыл хæсты рыг сбадти, науæд та сæ араугæ счынд, уыйау. Сауи Дударæн йæ рихитæ уддзыдæй кæй ауыдта, уый тыххæй йын фæтæригъæд кодта. Фæлæ йын уæддæр фидархъис сты, схъæлæй лæууынц.
— Æрлæу æмæ мæнæ скъоладзаутæм бакæсæм, рагæй сæм нал байхъуыстон, — Дудар Сауийы цонгыл æрхæцыд æмæ йæ йæ фарсмæ æрбадын кодта. Сауи ма цы ’фсон акодтаид, уый нал зыдта æмæ зивæгæй сдзырдта:
— Ам дзæгъæлы бадыны бæсты фæйнæ куы анызтаиккам, уæд уый хуыздæр уыдаид.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0