Хуссар Ирыстоны дыууæ хъæуы ᾿хсæн басыгъд "Нива"

© Photo : Пресс-служба МЧС РЮОХуссар Ирыстоны дыууæ хъæуы ᾿хсæн басыгъд "Нива"
Хуссар Ирыстоны дыууæ хъæуы ᾿хсæн басыгъд Нива - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 авг - Sputnik. Автомобиль маркæ "Нива" басыгъд Знауыры районы Хъорнисы хъæуæй Цхинвалы районы Зары хъæумæ фæндагыл, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны УУМ пресс-службæ.
Хæдтулгæйы ссыгъды тыххæй фидиуæн райсгæйæ, УУМ зынгсивæрстон-ирвæзынгæнæн хæдтулгæ рацыд цауы бынатмæ.

"Зынгфæдисонты æрцыдмæ автомобиль æнæхъæнæй басыгъд. Арт ликвидацигонд æрцыд. Зынгсивæрзты развæлгъауон аххосаг – моторы фадыджы электрон телы цыбыр аныдзæвд", - радзырдтой УУМ.

Уагдонады бахахх кодтой цауы фæстиуæгæн зиæнттæ кæй не ᾿рцыд.
Ног хабӕртты лентӕ
0