Мæскуыйы ацыд Гаглойты Алан æмæ Дмитрий Медведевы фембæлд

© Sputnik / Natalia AiriyanМæскуыйы ацыд Гаглойты Алан æмæ Дмитрий Медведевы фембæлд
Мæскуыйы ацыд Гаглойты Алан æмæ Дмитрий Медведевы фембæлд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 авг – Sputnik, Козаты Диана. Мæскуыйы майрæмбоны ацыд Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан æмæ Уæрæсейы Æдасдзинады советы сæрдары хæдивæг Дмитрий Медведевы ᾿хсæн фембæлд.
Фембæлд ацыдис Уæрæсейы ᾿рдыгæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад банымайыны боныл 15-афæдзыбонон бæрæгбоны фæлгæтты.
"Уый нæ уыд иууыл хуымæтæг скъуыдздзаг, кæцы Уæрæсе райста 2008 азы, фæлæ уый хыгъд, æрфидар кодта Кавказы сабырдзинад, бахъахъхъæдта цæрджыты цард æмæ æнæниздзинад… уый фæстæ нæ ахастытæ рæзынц æнтысджынæй, махæн ис цæдисон ахастытæ, тынг хъарм, æмæ уыцы райрæзт æнæмæнгдæр адарддæр уыдзæн", - загъта Медведев.
Афтæ ма политик раарфæ кодта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы адæмæн бæрæгбоны цытæн.
Президент Гаглойты Аланы ныхæстæм гæсгæ Хуссар Ирыстоны дарддæр цæттæ у интеграцион процесстæ Уæрæсеимæ тынгдæр кæнын.
"Алкæмæндæр дæр зындгонд факт у, Ирыстон 1774 азы барвæндонæй кæй баиу ис Уæрæсейы империмæ, æмæ уæдæй фæстæмæ никуы ивта йæ историон равзæрст. Фæнды мæ фидарæй зæгъын, мах ныр дæр цæттæ стæм интеграцион процесстæ райрæзын кæнын Уæрæсеимæ, Федерацийы арæзтмæ бахизыны онг", - загъта Гаглойты Алан.
Афтæ ма Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан схорзæх кодта орден Уацамонгæйæ Дмитрий Медведевы.
Гуырдзыстон 2008 азы 7-8 августы æхсæвы æхста "Град"-æй Хуссар Ирыстоны, гуырдзиаг æфсæдтæ æрбабырстой республикæмæ æмæ ныппырх кодтой столицæйы хай. Уæрæсе бахъахъхъæдта Хуссар Ирыстоны цæрджыты, уыдонæй бирæтæ уыдысты уæрæсейаг æмбæстæгтæ, бакодта йе ᾿фсæдтæ республикæмæ æмæ хæстон архайдты фондз боны фæстæ, ссæрибар кодта гуырдзиаг æфсæддонтæй регионы.
Мæскуы 26 августы банымадта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы суверенитет. Уæрæсейы къухдариуæгад бирæ хатт радзырдта, дыууæ раздæры гуырдзиаг автономийы хæдбардзинад гуырысхойаг кæй нæу æмæ йын раивæн нæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0