Уæрæсейы Совфедæй делегаци райсдзæн хайад Хæдбардзинад банымайыны боны мадзæлтты

© Sputnik / Виталий БелоусовУæрæсейы Совфедæй делегаци райсдзæн хайад республикæйы Хæдбардзинад банымайыны боны мадзæлтты
Уæрæсейы Совфедæй делегаци райсдзæн хайад республикæйы Хæдбардзинад банымайыны боны мадзæлтты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 авг – Sputnik. Уæрæсейы Совффеды делегаци майрæмбоны ратæхдзæн Мæскуыйæ, цæмæй райса хайад горæт Цхинвалы бæрæгбонон мадзæлтты, фехъусын кодта æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Григорий Карасин.
Уый бахахх кодта 2008 азы августы цаутæ сæ зæрдыл кæй дарынц.

"Уый уыд фыццаг хатт, Ныгуылæны нывæст постсоветон тыгъдады тыхæй йæхи бакæнын куы сæмбæлд ныхмæлæудыл Хуссар Ирыстоны адæмы ᾿рдыгæй. Уæрæсейы хайадист Саакашвилийы агрессийы ныхмæлæуды уыдис энергион æмæ ахъаз фæци уæлахизæн!", - банысан кодта Карасин.

Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын. Уый фæстæ Цхинвалмæ бабырстой танктæ æмæ гуырдзиаг тыхон структурæты равзаргæ хæйттæ. Республикӕйы столицӕйӕн ӕрхастӕуыд стыр зиан, фылдӕр кодта сабыр цӕрджыты ӕмӕ фидауынгӕнӕг тыхты ӕхсӕн амӕттӕгты нымӕц. Ацы трагикон уавӕры уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын. Уый кӕронмӕ бахӕццӕ 12 августы.
Ног хабӕртты лентӕ
0