Дмитрий Медведевы раныхас Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æмбæстæгтæм

Рафыссын
Совбезы сæрдары хæдивæг, Уæрæсейы Федерацийы экс-президент Дмитрий Медведев раарфæ кодта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы адæмæн сæ паддзахадты хæдбардзинады 15-азон юбилейы цытæн.
Йæ раныхасы уый банысан кодта, уæрæсейыг фарсы сæйраг нысан кæй уыд Кавказы æвзонг республикæты æдасдзинад æмæ сабыр фидæнæн бындур радтын.
"2008 азы августы уынаффæтæ позитивонæй бандæвтой республикæты райрæзтыл. Уæрæсейы æххуысæй абон рæзы сæ экономикæ, социалон лæггæдты уаг фæхуыздæр, иууыл сæйрагдæр та – адæмы царды уавæр фæхуыздæр ис. Сæрмагонд сгуыхдзинад равдыстат сымах уæхæдæг – дыууæ паддзахады æмбæстæгтæ", – банысан кодта Дмитрий Медведев.
Бæстондæрæй раныхасмæ кæсут видеоæрмæджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0