Хуссар Иры хæдбардзинад Уæрæсейы ᾿рдыгæй банымайыны боныл сæххæст 15 азы

Рафыссын
Гуырдзыстон 2008 азы 7-8 августы æхсæвы æхста "Град"-æй Хуссар Ирыстоны, гуырдзиаг æфсæдтæ æрбабырстой республикæмæ æмæ ныппырх кодтой столицæйы хай. Уæрæсе бахъахъхъæдта Хуссар Ирыстоны цæрджыты, уыдонæй бирæтæ уыдысты уæрæсейаг æмбæстæгтæ, бакодта йе ᾿фсæдтæ республикæмæ æмæ хæстон архайдты фондз боны фæстæ, ссæрибар кодта гуырдзиаг æфсæддонтæй регион.
Мæскуы 26 августы банымадта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы суверенитет. Уæрæсейы къухдариуæгад бирæ хатт радзырдта, дыууæ раздæры гуырдзиаг автономийы хæдбардзинад гуырысхойаг кæй нæу æмæ йын раивæн нæй.
Уæрæсейы фæстæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хæдбардзинад банымадтой Никарагуа, Венесуэлла, Науру æмæ Сири.
Ног хабӕртты лентӕ
0