Ленингоры районы сабатæй хуыцаубонмæ æхсæвы басыгъд цæрæг хæдзар

© Photo : Пресс-служба МЧС РЮО Ленингоры районы сабатæй хуыцаубонмæ æхсæвы басыгъд цæрæг хæдзар

Ленингоры районы сабатæй хуыцаубонмæ æхсæвы басыгъд цæрæг хæдзар
 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы хъæутæй иуы сабаты æхсæвы басыгъд цæрæг хæдзар, хъусын кæны республикæйы УУМ пресс-службæ.
Банысангонд æрцыд дыууæуæладзыгон сæмагонд хæдзары Ленигоры районы Морбедааны хъæуы зынгсивæрзты тыххæй фехъусын кодтой УУМ тыхты фæткдаруаты центрмæ 22.40.
Бынатмæ рацыдысты дыууæ зынгфæдисон хæдтулгæйы.
Хæдзары цар æмæ дыккаг уæладзыг æнæхъæнæй басыгъдысты, фыццаг уæладзыг зынгфæдисонтæн сæ къухы бафтыд артæй бахъахъхъæнын.
Ног хабӕртты лентӕ
0