Уæрæсейы ᾿рдыгæй Хуссар Иры хæдбардзинад банымайыны фæстæ республикæмæ æрцыд сабырдзинад

© Sputnik / Natalia AiriyanУæрæсейы ᾿рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны фæстæ республикæмæ æрцыд сабырдзинад
Уæрæсейы ᾿рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны фæстæ республикæмæ æрцыд сабырдзинад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 авг - Sputnik. Уæрæсейы ᾿рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны фæстæ 15 азы размæ республикæмæ æрцыд сабырдзинад, загъта паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Алан РИА Новости.

"Гуырздиаг æфсæдтæй пырхгонд цæрæг хæдзæрттæ, æхсæнадон уагдæттæ, инфораструктурæ Уæрæсейы æххуысæй къæхтыл слæууын кодтам. Хуссар Ирыстон сæндидзын кодтам æмæ рæзы. Æнтысджынæй рæзы экономикон æмгуыстад Уæрæсеимæ… Иууыл сæйрагдæр, Хуссар Ирыстоны адæмæн фæзынд сабырдзинад æмæ стабилондзинад, кæцы фадат дæтты сывæллæтты фидæны нывæстытæ аразын фыдыбæстæйы зæххыл", - загъта президент.

Афтæ ма хуссарирыстойнаг паддзахады лидер загъта, Гуырдзыстон кæй хъуамæ басæтта йæ аххосыл агресси æмæ æфсæддон фыдракæндты тыххæй Хуссар Ирыстоны ныхмæ 2008 азы, æрфысса къух паддзахадон арæнты демаркацийы фæдыл.
Уымæй дарддæр Гаглойты Алан бахахх кодта, Гуырдзыстонимæ Хуссар Ирыстонæн кæй нæй ахастытæ Женеваг дискусситæй дарддæр. Фыццаг æмæ сæйрагдæр фарст вæййы юридикон æгъдауæй фыст разыйы бадзырд тыхæй кæй нæ архайдзысты, уый фæдыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0