Владимир Путин: Уæрæсе æмæ Хуссар Иры ахастытæ рахызтысты хæларады ног æмвæзадмæ

© Sputnik / Михаил Климентьев /  Ахизын медиабанкмæГаглойты Алан æмæ Владимир Путин
Гаглойты Алан æмæ Владимир Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 авг - Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланæн республикæйы хæдбардзинад банымайыны 15 азы юбилейы цытæн æмæ банысан кодта, дыууæ бæстæйы æхсæн ахастытæ кæй рахызтысты хæларад æмæ интеграцийы ног æмвæзадмæ.
"Зынаргъ Алан Эдуарды фырт, зæрдæбынæй дын арфæ кæнын дæ бæстæйы хæдбардзинад банымайыны 15-æм афæдзыбоны цытæн… Хуссар Ирыстоны адæм райстой сæрибардзинад уæззау тохты æмæ ныр размæ кæнынц демократион паддзахаддзинады институттæ. Нæ бæстæты æхсæн ахастытæ рахызтысты хæларад æмæ интеграцийы ног æмвæзадмæ", - дзырдæуы уæрæсейаг лидеры арфæйы телы.
Президент бахахх кодта, Уæрæсейæн ахсджиаг кæй у егъау проектты реализаци, кæцытæ здæхт сты республикæйы инфраструктурæйы модернизацимæ, афтæ ма хуссарирыстойнаг адæмы социалон хъахъхъæнынад æххæст кæнынмæ.
Уæрæсе банымадта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы суверенитет 2008 азы 26 августы Гуырдзыстоны тыхæй куы ᾿ркодтой сабырдзинадмæ. УФ къухдариуæггæнджытæ бирæ хæттыты фидарæй дзырдтой, республикæты банымайын кæй æвдисы уæвгæ реалитæ æмæ сын фæивæн нæй. Уæрæсейы фæстæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад банымадтой Никарагуа, Венесуэлла, Науру æмæ Сири.
Ног хабӕртты лентӕ
0