https://sputnik-ossetia.com/20230828/gafez-mbltststt-roman-5-sr-25171374.html
Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 5 сæр
Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 5 сæр
Æмæ канд æмбырдты нæ, фæлæ Сауи тынг тæрсы, мыййаг сæ исчи куы бахъаст кæна райкоммæ, науæд та райæххæсткоммæ дæр, уæд фыдбылызæй цынæ ис? Цæмæйзон æмæ йын цы... 28.08.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-08-28T16:50+0300
2023-08-28T16:50+0300
2023-08-28T16:50+0300
"æмбæлццæттæ"
хуссар ирыстоны
радио иронау
аудиочиныг
/html/head/meta[@name='og:title']/@content
/html/head/meta[@name='og:description']/@content
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/08/16/25171209_0:0:3642:2048_1920x0_80_0_0_220993e3d106d11f3ef256cd0d1a52e0.png
Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 5 сæр
Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 5 сæр
Æмæ канд æмбырдты нæ, фæлæ Сауи тынг тæрсы, мыййаг сæ исчи куы бахъаст кæна райкоммæ, науæд та райæххæсткоммæ дæр, уæд фыдбылызæй цынæ ис? Цæмæйзон æмæ йын цы стæрхон кæндзысты! Æмæ дзы ахæмæй куы ницы уа, уæддæр лæг номæй у. Иугæр ном фесæфа, уæд лæг йæхæдæг дæр сæфт у. Ноджы йын Гæстæн уым нал ис. Уый йын зоны бæстон бæрæгæй йæ хабæрттæ. Æмæ цалынмæ уый ам уыдис, уæдмæ йæ къахыл фидар лæууыд. Ныр... Дзурынц, зæгъгæ, дам, æй йæ раздæры рæдыдтыты тыххæй фронты амидæг кодтой. Чи та афтæ, амарди, дам; чи та дзуры, фæцæф, дам, æмæ, дам, кæмдæр Астæуккаг Азийы кусы. Хæйрæг зоны æцæгдзинад. Иу хъуыддаг бæрæг уый у, æмæ йын Гæстæн ам нал ис, йæ фарс ма чи рахæца, чи йæ бахъахъхъæна, районы ахæм иичиуал ис. Ацу æмæ ныр дæ сæр къултыл хой, Сауи! Дудары загъдау, лæгау-лæгтæ кæрæдзи къухтыл куы хæцыдысты, уæд Сауи та меньшевиктимæ æмдзу кодта.Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/08/16/25171209_0:0:2732:2048_1920x0_80_0_0_11b365ec525f13b85c850050182b257f.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
Æмæ канд æмбырдты нæ, фæлæ Сауи тынг тæрсы, мыййаг сæ исчи куы бахъаст кæна райкоммæ, науæд та райæххæсткоммæ дæр, уæд фыдбылызæй цынæ ис? Цæмæйзон æмæ йын цы стæрхон кæндзысты! Æмæ дзы ахæмæй куы ницы уа, уæддæр лæг номæй у. Иугæр ном фесæфа, уæд лæг йæхæдæг дæр сæфт у. Ноджы йын Гæстæн уым нал ис. Уый йын зоны бæстон бæрæгæй йæ хабæрттæ.
Æмæ цалынмæ уый ам уыдис, уæдмæ йæ къахыл фидар лæууыд. Ныр... Дзурынц, зæгъгæ, дам, æй йæ раздæры рæдыдтыты тыххæй фронты амидæг кодтой. Чи та афтæ, амарди, дам; чи та дзуры, фæцæф, дам, æмæ, дам, кæмдæр Астæуккаг Азийы кусы.
Хæйрæг зоны æцæгдзинад. Иу хъуыддаг бæрæг уый у, æмæ йын Гæстæн ам нал ис, йæ фарс ма чи рахæца, чи йæ бахъахъхъæна, районы ахæм иичиуал ис. Ацу æмæ ныр дæ сæр къултыл хой, Сауи! Дудары загъдау, лæгау-лæгтæ кæрæдзи къухтыл куы хæцыдысты, уæд Сауи та меньшевиктимæ æмдзу кодта.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.