Гафез - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2023
"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 6 сæр

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 6 сæр
Рафыссын
Æлдæрттæ æмæ хъæзныджытæ цы фыдмитæ кæнынц мæгуыр адæмæн, Сандо уым паддзахы нæ азымджын кæны. Сандо, йæ чысыл дунейы цæргæйæ, хъуыды кодта: "Паддзах уартæ Бетъырбухы кæмдæр цæры. Кæфтæй кæсæгмæ кæцæй уыны нæ хъæуы? Намæ мæн цæмæй зоны, кæд халонау йе оны кæсы, æндæр?
Афтæ куыд зæгъдзæн: "Далæ Саргъауы цæры иу гæвзыкк Сандо. Æлдар, ныццу æмæ дзы хъалон райс, хъæдмæ йæ сугкæиынмæ ма уадз, дæхицæн æй лæвар кусын кæн". Нæ, уыдон æлдары мæнгард митæ сты. Æниу, æлдар мæнæй цы фысы хъуын ахæссы, уый Бетъырбухмæ, паддзахмæ æрвиты?"
Цыбырдзырдæй, Сандо паддзахмæ нæ, фæлæ æлдармæ у мæсты.
— Уæдæ паддзах йæ бынатмæ нал схиздзæн? И?
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0