Хуссар Иры къорд скъолайы рахиздзысты электронон боныг ӕмӕ журналтӕм

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæЭлектронон боныг
Электронон боныг  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны дыууӕ астӕуккаг ахуырады уагдоны, гимнази "Альбион" ӕмӕ Аивӕдты лицейы, ног ахуырадон азы рахиздзысты электронон боныгтӕ ӕмӕ журналтӕм. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн фехъусын кодта республикӕйы ахуырады министры хӕдивӕг Галуанты Александр.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы скъуыддзаг баст у цифрон технологиты райрӕзтимӕ ахуырадон къабазы.
"Мах пилотон проекты хуызы ацы ахуырадон аз бакодтам электронон боныг гимнази "Альбион" ӕмӕ Аивӕдты лицейы. Ацы скъолаты рахиздзысты электронон журналтӕм. Мах баиу уыдзыстӕм онлайн-сервисмӕ "Дневник.ру", уый руаджы нӕ ахуыргӕнджытӕ, скъоладзаутӕ ӕмӕ ныййарджытӕ онлайн-режимы сӕ цӕст дардзысты нысӕнттӕ, ранывӕзт ӕмӕ хӕдзарон куыстмӕ", - загъта Галуанты Александр.
Министры хӕдивӕг банысан кодта, республикӕйы скъолаты ног технологитӕм ӕрбаиу кӕныны процесс уагъд кӕй цӕудзӕн этаптӕм гӕсгӕ.
"Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы процессы ис зындзинӕдтӕ. Хъӕуы рӕстӕг, цӕмӕй рахизӕм ацы системӕмӕ. Уый фӕдыл мах бакодтам ацы проект ӕрмӕстдӕр дыууӕ скъолайы. Нӕ сӕйраг хӕслӕвӕрд – райдайын, уый фӕстӕ та махӕн нӕ бон уыдзӕн хӕссын ивындзинӕдтӕ дӕр", - банысан кодта уый.
Галуанты Александр бафтыдта, зӕгъгӕ, ахуырады министрад фидӕны нывӕнды бакӕнын республикӕйы скъолаты дистанцион ахуырады системӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0