Нарты кадджытæ. Батырадз æмæ Нарты сæрæнтæ. Батырадз æмæ Хъулонзачъе уæйыг

Нарты кадджытæ. Батырадз æмæ Нарты сæрæнтæ. Батырадз æмæ Хъулонзачъе уæйыг
Рафыссын
Нарты Батырадз фурды царди, Сатан йæ зыдта æрмæст, фæлæ йæ нæ хъæр кодта, зæгъгæ, нырма æнахъом у æмæ уал уадз æмæ йæхи æрымбара, кæннод искæмæн исты фыдбылыз ыскæндзæн æнахуырæй.
Хæмыц дæр зыдта йæ фырты хабар, фæлæ цъитийы скъуыды куы ауагъта Батырадзы, уæдæй фæстæмæ йæ йæ цæстæй дæр никуыуал федта.
Иубон Нартæ æртæйæ балцы уыдысты: Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан. Дардæй цыдысты æмæ фурды былтыл рацæуынц. Изæрмилтæ æрци, цæст ма гæзæмæ æвзæрста. Нартæ ауыдтой: фурд куы иу ран, куы иннæ ран дурдзæджындзау йæхи хæрдмæ фехсы æмæ та фæстæмæ æркæлы.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0