Нарты кадджытæ. Сослан æмæ авд æфсымæры хо. Сослан æмæ Ацырухс. Ацырухс куыд амард

Нарты кадджытæ. Сослан æмæ авд æфсымæры хо. Сослан æмæ Ацырухс. Ацырухс куыд амард
Рафыссын
Ацырухс Хуры чызг уыди æмæ Сосланы ус уыди. Сослан та ахæм лæг уыди, æмæ иу ран бадын нæ зыдта, æдзух хæтæнты хатти, цæуæнты уади, - йæ бонтæ афтæмæй æрвыста. Сосланæн йæ зæрдыл цы сахат æрлæууыдаид, уæд-иу ацыди йæ балцы. Ацырухс тыхсын байдыдта æмæ афтæ зæгъы:
- Ай мæнæн цы цард у? Ус æмæ лæджы цардæй ницы уынын. Сослан хæдзары нæ лæууы, æз та æнæ Сосланæй цæргæ куыд кæнон?
Сфæнд кодта Ацырухс Сосланы тыххæй йæ фыды бафæрсын
Иуæхсæв Сослан сæхимæ уыди æмæ йын Ацырухс афтæ:
- Мæ цæгатмæ цæуын æмæ мын цы зæгъыс?
- Ацу! – зæгъы Сослан.
- Уомæ афтид армæй фæцыдæуы?
- Райсом дын сæ самал кæндзынæн.
Райсомы Сослан хъæдмæ ауади æмæ дыууæ хъуазы рацахста. Æрвадæгыл сæ абаста. Йемæ цы æмбæлы, уый нывæрдта æмæ зæгъы Ацырухсæн…
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0