Скъолатӕ цӕттӕ сты: Хуссар Иры ахуырады министры хӕдивӕг ахуырадон азы райдайӕны тыххӕй

© Sputnik / Алексей КовалевСкъола
Скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны скъолатӕ цӕттӕ сты ног ахуырадон азы райдайӕнмӕ, фехъусын кодта Sputnik-ӕн республикӕйы ахуырады министры хӕдивӕг Галуанты Александр.
"Фӕндзӕм сентябрмӕ скъолаты уагъд цӕуы бирӕ цӕттӕкӕнынадон куыст. Иумӕйагӕй республикӕйы скъолатӕ цӕттӕ сты куыстмӕ ног ахуырадон азы", - радзырдта министры хӕдивӕг.
Галуанты Александр ма банысан кодта, республикӕйы скъолаты кӕй нӕй чингуыты цухдзинад.
"Скъолатӕ иууылдӕр ифтонг сты библиотекон фондӕй. Чингуыты цухдзинад нӕм нӕй. Нӕ библиотекон фонд баххӕст кӕнынӕн нын ӕххуыс кӕны Россотрудничествойы минӕварад", - бахахх кодта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0