Уæрæсейаг сенатор радзырдта Хуссар Иры хæдбардзинады æхсæнадæмон банымадыл

© Sputnik / Михаил АвагимовХуссар Иры тырыса
Хуссар Иры тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 авг – Sputnik. Уæрæсе аразы алцыдæр, цæмæй æндæр бæстæтæ, сæ нымæцы Китай æмæ Инди, аразой къахдзæфтæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы суверенитет банымайын ‘рдæм. Уый тыххæй эксклюзивон интервьюйы Sputnik-æн фехъусын кодта æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл Федерацийы Советы комитеты разамонæг Григорий Карасин.
"Æнцон фарст нæу, уымæн æмæ Нуыгылæн архайы иннæрдæм здæхтыл. Фæлæ мæн уырны, йæ рæстæджы æхсæнадæмон банымад кæй æрцæудзæн. Хуссар Ирыстон хæдбарæй размæ цæуы, никæмæн æртхъирæн кæны æмæ йæ фæнды, цæмæй суа æхсæнадæмон æхсæнады уæнг. Æхсæнадæмон банымад у зын, фæлæ сæххæсткæнинаг нысан", - банысан кодта комитеты сæргълæууæг.
Карасин ма бахахх кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æхсæнадæмон банымадыл куыст кæй адарддæр уыдзæн.
Уæрæсе банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад 2008 азы 26 августы. Уæрæсейы Федерацийы фæстæ республикæйы суверенитет банымадтой Никарагуа, Венесуэла, Науру æмæ Сири.
Ног хабӕртты лентӕ
0