Хуссар Иры Генпрокурор бахæс кодта фæтынгдæр кæнын хъусдард хостæй ифтонгкæнынадмæ

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры Генпрокурор бахæс кодта фæтынгдæр кæнын хъусдард хостæй ифтонгкæнынадмæ
Хуссар Иры Генпрокурор бахæс кодта фæтынгдæр кæнын хъусдард хостæй ифтонгкæнынадмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурæйы сæргълæууæг Собаты Григорий бахæс кодта уагдоны централон аппараты прокурортæн, горæт æмæ районты прокурортæн фæтынгдæр кæнын хъусдард æмбæстæгты æнæниздзинад хъахъхъæнынады бартæ æххæст кæнын, медицинон æххуыс æмæ хостæй ифтонгкæнынадмæ.
Собаты Григорий бахæс кодта Генпрокуратурæйы цæстдардон дæлхайæдтæн балхынцъ кæнын басгæрст нысангонд къабазы иу мæйы æмгъуыдмæ.
"Басгæрсты рæстæджы уæлдай хъусдард хъæуы аздахын æлхæнгæ хосты гуырахст æмæ хадзкæнынадмæ, цæмæй медицинон уагдæттæ барæй ма дæттой мæнг информаци хосты хъæуындзинады фæдыл", - дзырдæуы хъусинаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0