Цхивалы милици ссардтой энергетиктæ

© МВД Республики Южная ОсетияЦхивалы милици ссардтой энергергетиктæ
Цхивалы милици ссардтой энергергетиктæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 авг – Sputnik. Экономикон фыдракæндты ныхмæ тохы фæткдаруаты кусджытæ ссардтой тобæгонд энергетиктæ Хуссар Ирыстоны столицæйы хæлцадон дуканитæй иуы.
Æнæ алкоголæй энергетикон нозты 63 банкæйы барадхъахъхъæнæг органтæ ссардтой рейдон мадзæлтты рæстæджы.

"Фæткхалæджы ныхмæ сцырын кодтой административон фæткхæлдты тыххæй хъуыддаг, "Тобæгонд нозты реализаци æмæ уæй кæныны тыххæй административон бæрндзинады фæдыл" РХИ закъоны 4 статья фехалыны тыххæй", - банысан кодтой пресс-службæйы.

Куыд бафтыдтой МХМ, афтæмæй уагдоны кусджытæ басгæрсты фæстæ æрмæджытæ адæтдзысты горæт Цхинвалы тæрхондонмæ.
Хуссар Ирыстоны энергетикон нозты реализацийыл тобæ архайы 2012 азæй. Фæткхалджыты закъонмæ гæсгæ бафхæрдзысты – ивар административон фæткхалды предметты конфискациимæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0