https://sputnik-ossetia.com/20230830/gafez-mbltststt-roman-9-sr-25083252.html
Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 9 сæр
Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 9 сæр
Sputnik Хуссар Ирыстон
...Тома хуыссы уагълыйы къутæры фæстæ. Хур ралæст мигъы бæзджын пирæнгæмттæй æмæ йæ цæст ныкъулы æрдзмæ. Мит батад. Æрмæст ма лæзæрд хъæддзулау зыны... 30.08.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-08-30T14:42+0300
2023-08-30T14:42+0300
2023-08-30T14:42+0300
"æмбæлццæттæ"
хуссар ирыстоны
радио иронау
аудиочиныг
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/08/11/25086239_72:0:3713:2048_1920x0_80_0_0_1265f505a745718da4a9fe5b9955294a.png
Гафез. Æмбæлцæттæ. Роман. 9 сæр
Sputnik Хуссар Ирыстон
Гафез. Æмбæлцæттæ. Роман. 9 сæр
...Тома хуыссы уагълыйы къутæры фæстæ. Хур ралæст мигъы бæзджын пирæнгæмттæй æмæ йæ цæст ныкъулы æрдзмæ. Мит батад. Æрмæст ма лæзæрд хъæддзулау зыны бæрзæндтыл, адгуыты та — хъæпæнæвæрдæй. Дæлвæзты йæ кой дæр нали. Зæхх ссур. Улæфы æмæ адджын тæф хæссы Томайы фындзы хуынчъытæм.Мæлдзыг йæ тарф фынæйæ райхъал. Кæцæйдæр мæры бынæй рахылд. Нырма йæ уæнгтæ æндзыгау сты, æнæхъæн зымæджы дæргъы йын æнæзмæлгæ кæй уыдысты, уый тыххæй. Нырма лæмæгъ у. Чысыл куы ауайа, уæд та йæ гаччы абаддзæн, спартаны хæстонау хъандзал æмæ уæнгрог суыдзæн. Цъæнуты ’хсæнты цы ног кæрдæджы хæлттæ суади, уыдонæй сæ иуыл афæлвæрдта сбырын, фæлæ фæстæмæ æрхауд, къæхтæ йæ нæма аразынц. Кæцæйдæр фæзынд дзывылдар. Æрхы былты суад, цыдæр уырынгон фелвæста æмæ фæпæррæст кодта, цыма Томайæн æмбарын кодта: "Æрцыд уалдзæг! Тагъд ралæудзæн хуымгæнæн". Уый уыдзæн, Тома куы æрцыд, уæдæй фæстæмæ дыккаг уалдзæг.Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлцæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/08/11/25086239_527:0:3258:2048_1920x0_80_0_0_6a9bce7bbffb07e2c7eae776349e9f6a.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 9 сæр
...Тома хуыссы уагълыйы къутæры фæстæ. Хур ралæст мигъы бæзджын пирæнгæмттæй æмæ йæ цæст ныкъулы æрдзмæ. Мит батад. Æрмæст ма лæзæрд хъæддзулау зыны бæрзæндтыл, адгуыты та — хъæпæнæвæрдæй. Дæлвæзты йæ кой дæр нали. Зæхх ссур. Улæфы æмæ адджын тæф хæссы Томайы фындзы хуынчъытæм.
Мæлдзыг йæ тарф фынæйæ райхъал. Кæцæйдæр мæры бынæй рахылд. Нырма йæ уæнгтæ æндзыгау сты, æнæхъæн зымæджы дæргъы йын æнæзмæлгæ кæй уыдысты, уый тыххæй. Нырма лæмæгъ у. Чысыл куы ауайа, уæд та йæ гаччы абаддзæн, спартаны хæстонау хъандзал æмæ уæнгрог суыдзæн. Цъæнуты ’хсæнты цы ног кæрдæджы хæлттæ суади, уыдонæй сæ иуыл афæлвæрдта сбырын, фæлæ фæстæмæ æрхауд, къæхтæ йæ нæма аразынц. Кæцæйдæр фæзынд дзывылдар. Æрхы былты суад, цыдæр уырынгон фелвæста æмæ фæпæррæст кодта, цыма Томайæн æмбарын кодта: "Æрцыд уалдзæг! Тагъд ралæудзæн хуымгæнæн". Уый уыдзæн, Тома куы æрцыд, уæдæй фæстæмæ дыккаг уалдзæг.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлцæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.