Гафез - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2023
"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 11 сæр

Гафез. Æмбæлцæттæ. Роман. 11 сæр
Рафыссын
— О, хъуыдтæ мæ, — Месторы сабыр хъæлæсы уаг ын тæлтæг ныхасы бар нал лæвæрдта, фæлæ уæддæр йæ хъæлæс сбæрзонд кодта.
— Фарон æхсыры донхъæй нæ нывæзт нæ сæххæст кодтам. Æмæ кæй аххос уыд? Дæу.
Дæхи раст кæныныл ма схæц, фæлæ уый дæ аххос уыдис æмæ йын дзуапп дæр хъуамæ ды радтай.
— Фæлæу ма, Сауи, сæумæ райсом дын дæ уæлфадыл гал фæлæууыд, æви искуы анызтай æмæ дæ бæлуæттæ стахтысты?
Сауи рафыхт. Йе ’стъолы цурæй фестад æмæ рауай-бауай кæный райдыдта.
— Æз сæрдар дæн, æви нæ дæн? Мæнæн мæ бон у, мæ дæлбар адæмæй дзуапп æркурын, æви нæу?
— Уыцы бартæ дын ничи исы. Фæлæ ды æнæ закъонæй искæй æфхæрай, уый раст нæу, — цæхгæр ныллæууыд Местор дæр.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлцæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0