Хъæрæцаты Аслан ахызт US Open æртыккаг зылдмæ

© Sputnik / Александр Гальперин /  Ахизын медиабанкмæХъарацаты Аслан рахызт US Open æртыккаг зылдмæ
Хъарацаты Аслан рахызт US Open æртыккаг зылдмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 31 авг – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Уæрæсейаг теннисист Хъæрæцаты Аслан рахызт АИШ Гом чемпионаты æртыккаг зылдмæ, кæцы цæуы ацы бонты Нью-Йоркы.

Ерысты дыккаг зылды матчы Хъæрæцаты Аслан разынд испайнаг теннисист Роберто Карбальеса Баэнайæ тыхджындæр. Дзæуджыхъæуккаг спортсмен фидарæй фæтых ис йæ ныхмæлæууæгыл, ауагъта йын æрмæстдæр иу сет. Кæронбæттæн хыгъд - 6:3, 4:6, 6:3, 7:6 Асланы уæлахизæй.

Матчы уæлахиз фадат радта уæрæсейаг теннисистæн сфæлхатт кæнын йæ хуыздæр бæрæггæнæнтæ ацы турниры. 2021 азы ма уый бахæццæ ис æртыккаг зылдмæ, æмæ стыр тохы фондз сеты рæстæджы размæ рауагъта америкæйаг Дженсон Бруксбийы.
US Open-2023 цыппæрæм зылдмæ рахизыны тыххæй Хъæрæцаты Аслан стох кæндзæн Нью-йоркаг кортты уæлахиздзаутæй ноджы иуимæ – дунейы 47-æм ракеткæ Бен Шелтонимæ. Уый уыдзæн теннисистты ᾿хсæн фыццаг фембæлд.
Ног хабӕртты лентӕ
0