19 азы фæстæ фæдысгарджытæ рабæрæг кодтой Беслæны скъолайы чи бацахста, уыцы террористы

© Sputnik / Анна Кабисова 19 азы фæстæ фæдысгарджытæ рабæрæг кодтой Беслæны скъолайы чи бацахста уыцы террористы
19 азы фæстæ фæдысгарджытæ рабæрæг кодтой Беслæны скъолайы чи бацахста уыцы террористы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 сен - Sputnik. Беслæны скъолайы бацахсты хайадисæг террористы сбæрæг кодтой фæдысгарджытæ 19 азы фæстæ, уый разынд Мæхъæлы цæрæг Асланбек Парчиев, хъусын кæны РИА Новости.

"Рабæрæг ис, 2002 азы майы ацы гоймагæй кæй æрдомдтой административон бæрн Мæскуыйы… Фыдгæнæджы рахиз къухы хистæр æнгуылдзы фæд, банысан æй кодтой 11 номырæй, фемдзыд ис Мæскуыйы кæй æрцахстой, уыцы гоймаджы дактилокартæимæ", - фехъусын кодта "Известия"-йæн уæлдай ахсджиагдæр хъуыддæгты фæдыл Фæдагуырдон комитеты хистæр фæдысгарæг Альберт Хасауов.

Афтæ ма уый радзырдта журналисттæн, Парчиев кæй æрцыд ликвидацигонд терракты фыццаг боны. Буар уыд тынг сыгъд æмæ йæ æддаг бакастæй йæ хæстæджытæн сæ бон нæ бацис базонын. Фæдысгарæджы ныхæстæм гæсгæ, эксертизæ рабæрæг кодта сыгъд буары æмæ сылгоймаджы æрмæг фемдзыд сты 99%, куыд хо æмæ æфсымæр.
2004 азы 1 сентябры терористты къорд, сæ нымæц 30 фылдæр, бацахстой Беслæны фыццæгæм астæуккаг скъола, бæрæгбонон линæйкæйы рæстæджы. Террористтæ басырдтой 1128 адæймаджы спортзалмæ æмæ сæ дардтой уым æнæ дон æмæ хæринагæй. 3 сентябры скъолайы æрцыд срæмыгъдæ, дыууæ ᾿рдыгæй дæр райдыдтой æхсын, спортзалы къулы хæлдæй æмæ рудзгуытæй райдыдтой гæпп кæнын сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ.
Трагедийы амæттæгтæ 334 адæймаджы, уыдонæй 186 – сывæллæттæ. Сæ цард радтой тыхон структурæты æмæ УУМ кусджытæ дæр. алыхуызон буары цæфтæ баййæфтой 810 адæймаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0