Беслæны райдыдта æртæбонон Номарæн Вахтæ

© Дзерасса ТеховаБеслæны райдыдта æртæбонон Номарæн Вахтæ
Беслæны райдыдта æртæбонон Номарæн Вахтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 сен — Sputnik. Беслæны абон мысынц Уæрæсе æмæ Ирыстоны нырыккон историйы иууыл æвирхъаудæр теракты амæттæгты – террористтæ фыццæгæм скъола куы бацахстой. Амæттæгты рухс нæмттæ ссарынмæ ардæм æрбацæуынц Ирыстоны дыууæ хайы цæрджытæ. Ацы бонты нæдæр цæгаты, нæдæр хуссары нæ хъуысы музыкæ, - уыййас азмæ рыст нæ фæкъаддæр.
Адæм æнæрлæугæйæ хастой спортзалмæ дидинджытæ æмæ дон. Дидинджытæ залы уыдысты алы ран дæр, сæйраджыдæр, астæрд æмæ къулты хуынчъыты – уыцы рæтты срæмыгъдысты бомбæтæ.
Номарæн Вахтæ адарддæр уыдзæн æртæ боны. Абоны нывæсты ис теракты зианбаййафджыты пресс-конференци, Сан-Маринойæ флейтисткæ Моника Моронийы ралæуд æмæ цырæгътæ ссудзын скъолайы кæрты.
© Дзерасса ТеховаБеслæны райдыдта æртæбонон Номарæн Вахтæ
В Беслане начала трехдневная Вахта Памяти - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.09.2023
Беслæны райдыдта æртæбонон Номарæн Вахтæ
2004 азы 1 сентябры терористты къорд, сæ нымæц 30 фылдæр, бацахстой Беслæны фыццæгæм астæуккаг скъола, бæрæгбонон линæйкæйы рæстæджы. Террористтæ басырдтой 1128 адæймаджы спортзалмæ æмæ сæ дардтой уым æнæ дон æмæ хæринагæй. 3 сентябры скъолайы æрцыд срæмыгъдæ, дыууæ ᾿рдыгæй дæр райдыдтой æхсын, спортзалы къулы хæлдæй æмæ рудзгуытæй райдыдтой гæпп кæнын сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ.
Трагедийы амæттæгтæ 334 адæймаджы, уыдонæй 186 – сывæллæттæ. Сæ цард радтой тыхон структурæты æмæ УУМ кусджытæ дæр. Алыхуызон буары цæфтæ баййæфтой 810 адæймаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0