https://sputnik-ossetia.com/20230901/narty-kaddzhyt-batyradz-m-khurychyzg-25395622.html
Нарты кадджытæ. Батырадз æмæ Хурычызг
Нарты кадджытæ. Батырадз æмæ Хурычызг
Sputnik Хуссар Ирыстон
Батырадз тыхджын уыди. Ныхæй ныхмæ йæм лæг нæ лæууыди. Цыфæнды тыхгæнæгмæ дæр-иу цыдис æргомæй, ничи йæ фæрæзта басæттын, æмæ Батырадз дæр уымæн хуынди. 01.09.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-09-01T14:43+0300
2023-09-01T14:43+0300
2023-09-01T14:43+0300
радио иронау
нарты кадджытӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/08/1e/25395445_0:0:711:400_1920x0_80_0_0_38fa3b2a1cfd10e9a0769ad3f2f80611.png
Нарты кадджытæ. Батырадз æмæ Хурычызг
Sputnik Хуссар Ирыстон
Нарты кадджытæ. Батырадз æмæ Хурычызг
Батырадз тыхджын уыди. Ныхæй ныхмæ йæм лæг нæ лæууыди. Цыфæнды тыхгæнæгмæ дæр-иу цыдис æргомæй, ничи йæ фæрæзта басæттын, æмæ Батырадз дæр уымæн хуынди.Батырадз иу ран бадын нæ уарзта. Цыди цуаны, цыди балцыты. Никуы йыл сымбæлди ахæм тых, æмæ Батырадзы чи басæтта.Иубон зæгъы йæхицæн: "Хъуамæ мæ хъару бавзарон. Æрзилон зæххыл æмæ сфæлварон мæ тых алкæимæ дæр".Бацыди Сатанамæ æмæ йын зæгъы:- Дард балцы цæуын æмæ, Нартæм хуыздæр хæцæнгарзæй цы ис, уый мын радт.Сатана йын радта, Батырадз цавæр хæцæнгæрзтæ агуырдта, ахæмтæ. Райста йемæ иу рæхыс Батырадз, ыстæй, Нарты рæгъауы хуыздæр чи уыд, ахæм бæх равзæрста, сбадти йыл æмæ афардæг йæ дард балцы.Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/08/1e/25395445_0:0:533:400_1920x0_80_0_0_aad4643ff3c2147740ecc3b07b526ef1.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
радио иронау , нарты кадджытӕ, аудио
радио иронау , нарты кадджытӕ, аудио
Нарты кадджытæ. Батырадз æмæ Хурычызг
Батырадз тыхджын уыди. Ныхæй ныхмæ йæм лæг нæ лæууыди. Цыфæнды тыхгæнæгмæ дæр-иу цыдис æргомæй, ничи йæ фæрæзта басæттын, æмæ Батырадз дæр уымæн хуынди.
Батырадз иу ран бадын нæ уарзта. Цыди цуаны, цыди балцыты. Никуы йыл сымбæлди ахæм тых, æмæ Батырадзы чи басæтта.
Иубон зæгъы йæхицæн: "Хъуамæ мæ хъару бавзарон. Æрзилон зæххыл æмæ сфæлварон мæ тых алкæимæ дæр".
Бацыди Сатанамæ æмæ йын зæгъы:
- Дард балцы цæуын æмæ, Нартæм хуыздæр хæцæнгарзæй цы ис, уый мын радт.
Сатана йын радта, Батырадз цавæр хæцæнгæрзтæ агуырдта, ахæмтæ. Райста йемæ иу рæхыс Батырадз, ыстæй, Нарты рæгъауы хуыздæр чи уыд, ахæм бæх равзæрста, сбадти йыл æмæ афардæг йæ дард балцы.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.