Цæгат Иры схъæлæс кодтой объекттыл, кæцыты хæрзарæзтад уагъд цæудзæн 2024 азы

© Sputnik / Наталья АйриянДзæуджыхъæу
Дзæуджыхъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 сен – Sputnik. Цæгат Ирыстоны хатдзæгтæ скодтой онлайн-хъæлæскæнынадæн объектты фæдыл, кæцыты хæрзарæзтад уагъд цæудзæн федералон программæ "Формирование комфортной городской среды"-йы фæлгæтты 2024 азы. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæ.
"Фидæн азы Цæгат Ирыстоны æдæппæт нывæндынц сцалцæг кæнын 40 æхсæнадон территорийы, уыдонæй 8 равзæрстой хъæлæскæнынады руаджы фарон аз, 32 территори та сбæрæг кодтой æхсæнадон хъæлæскæнынады руаджы ацы аз", - дзырдæуы хъусинаджы.
Хъæлæскæнынады руаджы, Цæгат Ирыстоны столицæйы сцалцæг кæндзысты 18 объекты æмæ 14 та республикæйы районты.
Ног хабӕртты лентӕ
0