Къуыри æнæ фыдракæндтæй: МХМ радзырдтой Хуссар Иры криминогенон уавæры тыххæй

© Sputnik / Николай ХижнякКъуыри æнæ фыдракæндтæй: МХМ радзырдтой Хуссар Ирыстоны криминогенон уавæры тыххæй
Къуыри æнæ фыдракæндтæй: МХМ радзырдтой Хуссар Ирыстоны криминогенон уавæры тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 сен - Sputnik. Ивгъуыд къуырийы Хуссар Ирыстоны криминогенон уавæр уыд сабыр, республикæйы уыцы периоды иу фыдракæнд дæр регистрацигонд не ᾿рцыд, радзырдтой республикæйы МХМ пресс-службæйы.

"28 августæй 4 сентябрмæ республикæйы территорийыл фыдракæндтæ регистрацигонд не ᾿рцыд", - банысан кодтой министрады.

Уыимæ иумæ, куыд фехъусын кодтой МХМ, ацæугæ къуырийы алыхуызон æхсæнадон фæткхæлдты тыххæй мидхъуыддæгты органты фæткдаруаты кусджытæ дзуапп æрдомдтой дыууæ адæймагæй.
Фæндæгтыл уавæр
Афтæ ма уагдоны радзырдтой къуырийы дæргъы фæндæгтыл уавæрыл: регистрацигонд æрцыд иу ФТЦ, ПАИ кусджытæ рабæрæг кодтой фæндагон змæлды 303 фæткхалды.
16 хæдтулгæйы шофырыл арæзт æрцыдысты административон протоколтæ автотранспортæй нозтджынæй скъæрыны тыххæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0