https://sputnik-ossetia.com/20230905/akhuyrgond-radzyrdta-kd-fuydzysty-abayty-vasoyy-dzyrduaty-tlmats-anglisag-vzagm-25483199.html
Ахуыргонд радзырдта, кæд фæуыдзæн Абайты Васойы дзырдуаты тæлмацыл куыст англисаг æвзагмæ
Ахуыргонд радзырдта, кæд фæуыдзæн Абайты Васойы дзырдуаты тæлмацыл куыст англисаг æвзагмæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 5 сен — Sputnik. Ахуыргонд-филолог, æвзагзонæг-иранист Абайты Васойы историко-этимологон дзырдуаты тæлмацы фыццаг этап фæцис, уый тыххæй Sputnik-æн... 05.09.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-09-05T10:00+0300
2023-09-05T10:00+0300
2023-09-05T11:10+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
зонад
уӕрӕсейы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/857/75/8577574_0:124:3192:1920_1920x0_80_0_0_d9fd08d2d762920207520b409deeff1f.jpg
ЦХИНВАЛ, 5 сен — Sputnik. Ахуыргонд-филолог, æвзагзонæг-иранист Абайты Васойы историко-этимологон дзырдуаты тæлмацы фыццаг этап фæцис, уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодта ахуыргонд-лингвист, РАН æвзаг ахуыркæныны Институты ирайнаг æвзæгты секторы хистæр, филологон зонæдты кандидат Олег Беляев.Ахуыргонды ныхæстæм гæсгæ, абоны бонмæ цæттæ сты фыццаг æртæ томы, цыппæрæмыл куыст фæуыдзæн ацы азы кæронмæ."Фыццаг этапы нæ сæйраг хæслæвæрд уыд бацæттæ кæнын тæлмац, равзарын тæлмацы принцип. Аннæ ахсджиаг хæс уыд саразын бæрæггæнæнты базæ ацы дзырдуаты бындурыл, кæцыйы уыдаид информаци æрмæст тексты тыххæй нæ, фæлæ ма æндæр ирайнаг æмæ ервопейаг æвзæгты формæты тыххæй", - банысан кодта уый.Беляевы ныхæстæм гæсгæ, ноджы иу ахсджиаг моменты уыд тæлмацæн инфраструктурæ æмæ дзырдуатæн электронон вариант саразын.Дзырдуаты тæлмацыл куыст райдыдта 2019 азы кæрæтты, фыццаг том англисаг варианты фесты 2020 азы.Дзырдуаты развæлгъау вариант гæнæн ис фенын Абайты Васойы Хæдзар-музейы Цхинвалы, бафтыдта ахуыргонд.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/857/75/8577574_461:0:3192:2048_1920x0_80_0_0_2a278e2de8edee9fa090b7602d040f85.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, зонад, уӕрӕсейы
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, зонад, уӕрӕсейы
ЦХИНВАЛ, 5 сен — Sputnik. Ахуыргонд-филолог, æвзагзонæг-иранист Абайты Васойы историко-этимологон дзырдуаты тæлмацы фыццаг этап фæцис, уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодта ахуыргонд-лингвист, РАН æвзаг ахуыркæныны Институты ирайнаг æвзæгты секторы хистæр, филологон зонæдты кандидат Олег Беляев.
Ахуыргонды ныхæстæм гæсгæ, абоны бонмæ цæттæ сты фыццаг æртæ томы, цыппæрæмыл куыст фæуыдзæн ацы азы кæронмæ.
"Фыццаг этапы нæ сæйраг хæслæвæрд уыд бацæттæ кæнын тæлмац, равзарын тæлмацы принцип. Аннæ ахсджиаг хæс уыд саразын бæрæггæнæнты базæ ацы дзырдуаты бындурыл, кæцыйы уыдаид информаци æрмæст тексты тыххæй нæ, фæлæ ма æндæр ирайнаг æмæ ервопейаг æвзæгты формæты тыххæй", - банысан кодта уый.
Беляевы ныхæстæм гæсгæ, ноджы иу ахсджиаг моменты уыд тæлмацæн инфраструктурæ æмæ дзырдуатæн электронон вариант саразын.
Дзырдуаты тæлмацыл куыст райдыдта 2019 азы кæрæтты, фыццаг том англисаг варианты фесты 2020 азы.
"Сæйраг этапы фæстæ мах хъæудзæн æрнывыл кæнын бæрæггæнæнты базæ, цæмæй уый æнцонвадат уа æрмæст специалисттæн нæ, фæлæ хуымæтæг адæмæн дæр. Хъæуы бакусын англисагмæ тæлмац æмæ уырыссаг тексты редактурæйыл дæр, уый фæстæ гæнæн уыдзæн рахизын дзырдуат ныммыхуыр кæнынмæ", - радзырдта Беляев.
Дзырдуаты развæлгъау вариант гæнæн ис фенын Абайты Васойы Хæдзар-музейы Цхинвалы, бафтыдта ахуыргонд.