https://sputnik-ossetia.com/20230905/gafez-mbltststt-roman-15-sr-25088669.html
Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 15 сæр
Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 15 сæр
— Хъæд раирвæзт æмæ Сæрмæтæн йæ цъиу аирвæст, — хъазæнæмхасæнæй дзуры Сауи. 05.09.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-09-05T11:38+0300
2023-09-05T11:38+0300
2023-09-05T11:38+0300
"æмбæлццæттæ"
хуссар ирыстоны
радио иронау
аудиочиныг
/html/head/meta[@name='og:title']/@content
/html/head/meta[@name='og:description']/@content
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/08/11/25088482_0:0:3642:2048_1920x0_80_0_0_7bc87056252daced15fb013376d9ad9b.png
Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 15 сæр
Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 15 сæр
— Хъæд раирвæзт æмæ Сæрмæтæн йæ цъиу аирвæст, — хъазæнæмхасæнæй дзуры Сауи.— Æмæ сымах та цæвæджы хъæдтæ фестадыстут? Цæугæ ут уæ бынæттæм. Куыдз къуылыхæй нæ мæлы... Цæугæ, цæугæ! Цæмæ ма кæсут!Бирæтæ æвæндонæй, хъуыр-хъуыргæнгæ иуварс ахылдысты. Фæлæ Местор, Дудар æмæ’ ма чидæртæ, цыма Сауийы ныхас хъусгæ дæр нæ фæкодтой, уыйау сæ бынæтты змæлгæ дæр нæ фæкодтой.Сауи лыстæгдæр æркаст Сæрмæты фæлурс цæсгоммæ, йæ цъæх былтæм, йæ тугдадзин ын асгæрста. Æмæ цыма фæсмон кодта, Сæрмæт мард кæй нæу, ууыл, уыйау æнæввæрсонæй загъта:— Мæ фыццаг ныхас раст уыд: "Куыдз къуылыхæй нæ мæлы!" — йе ’ргом аздæхта, йæ сагъæстæ тынг æнувыдæй баст кæуыл сты, уыцы галуаны къулмæ.Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/08/11/25088482_0:0:2732:2048_1920x0_80_0_0_de26147d038ad653af65cd11bf317c6b.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
— Хъæд раирвæзт æмæ Сæрмæтæн йæ цъиу аирвæст, — хъазæнæмхасæнæй дзуры Сауи.
— Æмæ сымах та цæвæджы хъæдтæ фестадыстут? Цæугæ ут уæ бынæттæм. Куыдз къуылыхæй нæ мæлы... Цæугæ, цæугæ! Цæмæ ма кæсут!
Бирæтæ æвæндонæй, хъуыр-хъуыргæнгæ иуварс ахылдысты. Фæлæ Местор, Дудар æмæ’ ма чидæртæ, цыма Сауийы ныхас хъусгæ дæр нæ фæкодтой, уыйау сæ бынæтты змæлгæ дæр нæ фæкодтой.
Сауи лыстæгдæр æркаст Сæрмæты фæлурс цæсгоммæ, йæ цъæх былтæм, йæ тугдадзин ын асгæрста. Æмæ цыма фæсмон кодта, Сæрмæт мард кæй нæу, ууыл, уыйау æнæввæрсонæй загъта:
— Мæ фыццаг ныхас раст уыд: "Куыдз къуылыхæй нæ мæлы!" — йе ’ргом аздæхта, йæ сагъæстæ тынг æнувыдæй баст кæуыл сты, уыцы галуаны къулмæ.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.