Паддзахадон автоинспекци йӕ бӕрны бакодта горӕты скъолаты раз фӕндагон змӕлд

© Sputnik / Карина Гаглоева Милици
Милици - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Паддзахадон автоинспекци ахуыры азы райдайӕнӕй райдыдта радгӕсон службӕ хӕссын горӕты скъолаты раз, фехъусын кодта Sputnik-ӕн агитаци ӕмӕ пропагандӕйы фӕдыл инспектор Уалыты Альма.
"Инспектортӕ сӕ хъус дардзысты фистӕгӕй цӕуджытӕ ӕмӕ автозмӕлдмӕ ахуырадон уагдӕтты цур райсом 8.30 сахатӕй 9.00 сахаты онг къуырисӕрӕй сабатмӕ", - загъта Уалыты Альма.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, инспектортӕ скъолаты раз лӕудзысты ахуыры азы кӕронмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0